12 Уыдон та ӕхсӕв бон хонынц, тагъд, дам, срухс уыдзӕн, фӕлӕ мӕ алыварс — тар.
Аивгъуыдтой мӕ царды бонтӕ. Мӕ бӕллицтӕй — мӕ зӕрдӕйы фӕндиӕгтӕй — фыдӕнхъӕл фӕдӕн.
Хи уӕзӕгау мысын мӕрдтыбӕстӕ, уат кӕнын талынджы мӕхицӕн.
Додой сӕ къона, фыдракӕнд хорз чи хоны, хорздзинад та — фыдракӕнд, тар рухсыл чи нымайы, рухс та — тарыл, маст — хӕрзадыл, хӕрзад та — мастыл!
Боныгон ӕхсӕвмӕ бӕлдзынӕ, ӕхсӕвыгон та — бонмӕ, дӕ зӕрдӕйы цы тас уа ӕмӕ дӕ цӕстӕй цы уынай, уый адӕргӕй.