10 Сымах та ма иу хатт бафӕлварут, рацӕут ардӕм ӕмӕ мӕ ныхмӕ сдзурут — ӕз уе ’хсӕн иу куырыхоны дӕр не ссардзынӕн.
«Лӕгтӕ, ӕцӕгдӕр, сымах стут ӕмӕ, куы амӕлат, уӕд ӕппӕт бӕсты зонд мӕрдтӕм уемӕ ахӕсдзыстут!
Уагӕры ды, мах цы нӕ зонӕм, ахӕмӕй цы зоныс? Махӕн ӕнӕмбӕрст цы у, ахӕмӕй цы бамбӕрстай,
Аивгъуыдтой мӕ царды бонтӕ. Мӕ бӕллицтӕй — мӕ зӕрдӕйы фӕндиӕгтӕй — фыдӕнхъӕл фӕдӕн.
Ды сын нытталынг кодтай сӕ зонд ӕмӕ сӕ бӕрзонд бынаты нӕ сӕвӕрдзынӕ.
Фос куы не стӕм, мыййаг, къуымыхы цӕстӕй нӕм цӕмӕ хъуамӕ кӕсай?
Зонд кӕстӕр ӕмӕ хистӕрӕй нӕу, хъуыддаг раст ӕрмӕстдӕр карджын нӕ равзары.
Дунедарӕг Иовимӕ Йӕ ныхас куы фӕци, уӕд загъта теманаг Елифазӕн: «Дӕумӕ дӕр ӕмӕ дӕ дыууӕ ’мбалмӕ дӕр фыр мӕстӕй судзын — сымах Мӕн тыххӕй Мӕ цагъар Иовы хуызӕн раст кӕй нӕ дзырдтат, уымӕн.
Уӕхи ӕрӕмбарут, фыддзинад ма ’руадзут, ӕрбайхъусут, ме ’рдыгӕй ис рӕстдзинад!
Ӕмӕ уӕд ногӕй фендзыстут, рӕстуд ӕмӕ тӕригъӕдджыны, Хуыцауӕн чи лӕггад кӕны ӕмӕ Йын лӕггад чи нӕ кӕны, уыдоны ’хсӕн цы хицӕндзинад ис, уый.
Кӕм ис уыцы куырыхон? Кӕм ис уыцы динамонӕг? Кӕм ис ацы ӕнусы уыцы арфхъуыдыгӕнӕг? Ау, Хуыцау, ацы дунейы куырыхон зонд ӕцӕгӕй ӕдылыдзинад кӕй у, уый нӕ равдыста?
Цӕмӕй уӕхиуыл ӕрхудат, уый тыххӕй уын зӕгъын: йе ’фсымӕрты быцӕу чи равзара, иунӕг ахӕм зондджын лӕг дӕр уӕм нӕй, ӕви?