8 Фӕлӕбурдта мӕм, мӕ ныхмӕ Йӕхӕдӕг ӕвдисӕн ныллӕууыд, мӕ азымыл мӕ лӕмӕгъдзинад дӕр дзуры.
Ног ӕмӕ ногӕй мӕ азымджын кӕныс, Дӕ маст карзӕй-карздӕр кӕны, фыдбылызтӕ иу иннӕйы фӕдыл сыстадысты мӕ ныхмӕ.
Саугуырм бадӕн мастӕй, царм ӕмӕ стджытӕ ма мӕ баззади.
Царм ӕмӕ мӕ стджытӕ йеддӕмӕ ницыуал баззад, мӕ уд ӕндахыл хӕцы.
Йӕ буар рафты, царм ӕмӕ стджытӕ фесты.
Уӕдӕ стауӕнт Дунедарӕджы Йӕ хорзӕхы тыххӕй, адӕмӕн цы диссаджы хъуыддӕгтӕ сарӕзта, уыдоны тыххӕй!
Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Ассирийы гуыппырсартӕн фесафдзӕни сӕ хъару, йӕ кад ын басудздзӕни артау.
Арвы кӕронӕй нӕм кады зарӕг хъуысы: «Кад уӕд Рӕстӕвзарӕн!» Фӕлӕ ӕз загътон: «Ме сӕфт ӕрцыди, додойаг фӕдӕн! Гадзрахатӕй цӕуынц уӕйгӕнджытӕ, сӕ гадзрахат фылдӕрӕй-фылдӕр кӕны!»
Ӕрлӕууын ӕй кӕна Йӕ разы намысджын Аргъуанӕй, ӕнӕ сау стъӕлфӕй, ӕнӕ къӕмӕй, ӕнӕ ӕндӕр исты аиппӕй, сыгъдӕг ӕмӕ ӕнӕфау куыд уа, афтӕ.
Ардыгӕй дзагармӕй ацыдтӕн, фӕстӕмӕ та мӕ афтидӕй ӕрбаздӕхта Дунедарӕг. Цӕмӕн мӕ хъӕуы хонын Наоми, кӕд ӕмӕ мын Дунедарӕг хъизӕмӕрттӕ бавзарын кодта, кӕд ӕмӕ мӕ ралгъыста Ӕппӕтхъомыс».