5 Дзӕгъӕлдзырдӕй уын ныфсытӕ ’вӕрин, былты змӕлдӕй уӕ сабыр кӕнин.
Сымах мӕ бынаты куы уаиккат, уӕд ӕз дӕр ахӕм ныхӕстӕ кӕнин; дзурин уӕ ныхмӕ, мӕ сӕр-иу, уайдзӕфгӕнгӕ, банкъусин.
Дзургӕйӕ дӕр не ’нцайы мӕ рыст, ӕдзӕмӕй дӕр мын нӕу ӕнцондӕр.
Ӕз сын фӕндаг амыдтон, цыдтӕн сӕ разӕй, раст цыма паддзах — йе ’фсадимӕ, хъыггӕнджытӕн ныфсӕвӕрӕг уыдтӕн.
Дӕ тыхст хӕларӕн батӕригъӕд кӕн, Хуыцауы тас ӕм куынӕуал уа, уӕддӕр.
Ӕргом ныхас зын уромӕн у, фӕлӕ уӕ уайдзӕфтӕ куы ницы марынц!
Ӕфсӕн ӕфсӕны куыд цыргъ кӕны, афтӕ адӕм дӕр кӕрӕдзийы ӕнаипдӕр кӕнынц.
Сӕрдӕны хӕрздӕф ӕмӕ будтӕф зӕрдӕйӕн ӕхцон сты, ӕмбалы зӕрдӕбын уынаффӕ дӕр афтӕ ’хсызгон у.
Ӕфсымӕртӕ, исчи тӕригъӕды куы бафта, уӕд ӕй сымах, Сыгъдӕг Удӕн коммӕгӕстӕ, сабырӕй раст фӕндагмӕ раздахут. Уӕхи хизут, цӕмӕй уӕхӕдӕг дӕр уыцы къӕппӕджы ма бахауат.