18 О зӕхх! Мӕ туг мын ма басусӕг кӕн — мӕ фӕдисхъӕр мын дӕ хуылфы ма бамбӕхс!
Дӕ къухӕй мард ӕфсымӕры туг цы зӕххы ахъардта, уымӕй ӕлгъыст ӕмӕ хъодыгонд дӕ ныр.
Се ’наккаг митӕ сын ма ныббар, аразджыты тӕригъӕд сын ма ныххатыр кӕн!
Афтӕмӕй мӕ зӕрдӕмӕ ницы хӕссын, сыгъдӕгзӕрдӕйӕ цӕуы мӕ куывд.
Уӕлӕрвты мын ис Ӕвдисӕн, бӕрзӕндты мын ис Сӕрылхӕцӕг.
Фыдбон ыл куы акӕна, уӕд ын Хуыцау йӕ фӕдисхъӕр фехъусдзӕн?
Кувгӕйӕ Мӕм уӕ къухтӕ куы сивазут — Ӕз Мӕ цӕстытӕ бацъынд кӕнын, уӕ куывдтытӕ куы сбирӕ кӕнут — Ӕз Мӕхи ныкъкъуырма кӕнын, уымӕн ӕмӕ уӕ къухтӕ тугӕйдзаг сты.
Дунедарӕг рацӕуы Йӕ цӕрӕнӕй, цӕмӕй зӕххы цӕрджыты сӕ фыдракӕндты тыххӕй бафхӕра. Зӕхх равдисдзӕн, цы туг ыл ныккалдӕуыд, уый, нал басусӕг кӕндзӕн йӕ мӕрдты.
О зӕхх, байхъус Дунедарӕджы ныхасмӕ!
Уымӕн ӕмӕ туг ныккалдтой ацы сахары цӕрджытӕ, уыимӕ зӕххыл нӕ, фӕлӕ айнӕг къӕдзӕхыл, ӕндӕра рыджы бын фӕуыдаид зӕххыл.