Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Иовы чиныг 16:15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

15 Мӕ буар сӕхъис дарӕсӕй ӕрбамбӕрзтон, мӕ кад фӕнычы баныгӕдтон.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Иовы чиныг 16:15
12 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Йаков йӕ дарӕс фӕйнӕрдӕм арӕдывта, йӕ астӕуыл сӕхъис ӕрбатыхта ӕмӕ бирӕ бонты фӕкуыдта йӕ фыртыл.


Фӕлӕ йын ныр Илийа цытӕ радзырдта, уыдӕттӕ куы фехъуыста, уӕд йӕ дарӕс арӕдывта фӕйнӕрдӕм ӕмӕ йӕ уӕлӕ сӕхъис скодта, куы-иу схуыссыд, уӕд дӕр-иу ӕй нӕ раласта; ком дардта ӕмӕ ӕрхӕндӕгӕй рацу-бацу кодта.


Мӕ кад мын байста, мӕ кады худ мын систа мӕ сӕрӕй.


Цъыфы мӕ ныппӕрста Уый, ӕмӕ рыг фестадтӕн, бартхутӕг дӕн.


кӕд, мемӕ хӕларӕй чи царди, уымӕн йӕ хорз ӕвзӕрӕй бафыстон, — ӕз, ӕнӕ исты ’фсонӕй-иу ме знаг чи сси, уый дӕр-иу чи фервӕзын кодта, —


Ды, Хуыцау, тӕрхон кӕнын куы райдыдтай ӕмӕ ӕфхӕрд адӕмы сӕрыл куы рахӕцыдтӕ, уӕд.


Дӕ тӕмӕнӕй ныррухс вӕййы дуне, Ды кадджындӕр — сырдарӕх хӕхтӕй.


Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, сымахӕн фӕдзӕхста, цӕмӕй уыцы бон сау дарат ӕмӕ дзыназат, уӕ сӕрыхил алвынат ӕмӕ уӕ уӕлӕ сӕхъис скӕнат.


Ныддӕлгом ис зӕххыл: «Кӕд ис нырма, мыййаг, зӕрдӕ дарӕн?»


Аннӕ кувын райдыдта ӕмӕ загъта: «Дунедарӕг мын барухс кодта мӕ зӕрдӕ, мӕ сыкъа мын бӕрзонд систа. Мӕ фыдгултыл мӕхи худӕгӕй хӕссын, цин кӕнын, кӕй мӕ фервӕзын кодтай, ууыл.


Дунедарӕг ныссӕрфдзӕн Йӕ фыдгулты, уӕлӕрвтӕй сыл ныннӕрдзӕн. Дунедарӕг тӕрхонгӕнӕг у зӕххы цъарӕн йӕ иу кӕронӕй йӕ иннӕ кӕронмӕ. Уый Йӕ паддзахӕн йӕ тыхыл ӕфтауы, Йӕ байсӕрстӕн Уый хъомыс дӕтты».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ