6 Ӕз нӕ — дӕхи ’взаг дӕ кӕны азымджын, дӕхи ныхӕстӕ дыл цӕуынц комдзог.
Мӕнӕн та куы иу, куы иннӕ хъуыддаг уыди, ӕмӕ мын уацайраг цыдӕр ӕрбаци». Паддзах ын загъта: «Дӕхи дзыхӕй загътай дӕ тӕрхон».
Йӕ къӕхтыл ма тыхамӕлттӕй цӕудзӕн, йӕ фыдвӕндты азар йӕхиуыл ӕртыхсдзӕн.
Иууылдӕр иумӕ сӕ дӕлдзӕхы баныгӕн, ныккӕнды дуӕрттӕ сыл сӕхгӕн.
Ӕз цы дӕн, цӕмӕй дын Дӕ фӕнд фауон, зонгӕ куы ницы кӕнын, уӕд? Цы не ’мбарын, уыдӕтты кой кодтон, мӕ зонд кӕй нӕ ахсы, уыцы диссӕгтыл дзырдтон.
Раст куы уон, уӕд дӕр мӕ дзых мӕхи ныхмӕ рацӕудзӕн; азымджын куынӕ уон, уӕд дӕр мӕ фӕзылынджын кӕндзӕн.
Ды ’рсабыр кӕныс денджызы уылӕнтӕ, змӕнтӕг адӕмты.
Дӕ ныхӕстӕ дӕ кӕнӕ сраст кӕндзысты, кӕнӕ дын уыдзысты тӕрхонгӕнӕг».
Уыцы ныхӕстӕм алчер фӕйнӕрдӕм арӕдывта йӕ дарӕс ӕмӕ загъта: «Хуыцауы рафаудта! Цӕй ӕвдисӕнтӕ ма нӕ хъӕуы? Мӕнӕ уӕхӕдӕг куы фехъуыстат, Хуыцауы куыд фауы, уый!
Хицау ын загъта: „Дӕхи дзыхӕй дын тӕрхон кӕндзынӕн, ӕвзӕр цагъар! Ӕз карз лӕг кӕй дӕн ӕмӕ, цы нӕ нывӕрдтон, уый кӕй исын, цы нӕ байтыдтон, уый кӕй кӕрдын, уыдӕттӕ куы зыдтай,