29 Цард ыл не ’рхӕцдзӕн, бын не скӕндзӕн, зӕххыл не ’рбынӕттон уыдзӕн.
Йӕ хӕдзарӕй рухсы цъыртт нал кӕлдзӕн, йӕ цырагъ бамынӕг уыдзӕн.
цы нӕ аныхъуырдта, ахӕмӕй йын ницыуал баззад, ӕмӕ йӕ цардамонд уымӕн у тӕссонд.
Уый йӕм фӕсидт ӕмӕ йын загъта: „Уый дӕ цытӕ хъусын? Дӕ бӕрны цы уыди, уымӕн хыгъд скӕн ӕмӕ мӕм ӕй ратт, нырӕй фӕстӕмӕ мӕ исбонӕн уынаффӕ кӕнынӕй сӕрибар дӕ“.
Скӕсы хур, ӕмӕ йӕ тӕвдӕй дидинӕг бахус вӕййы ӕмӕ ӕрызгъӕлы, йӕ рӕсугъддзинад ӕрбайсӕфы. Афтӕ хъӕздыг дӕр: йӕ хъуыддӕгтӕ аразгӕйӕ баруайдзӕн.