Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Иовы чиныг 15:23 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

23 Рахау-бахау кӕны сынтыты холыйау, зоны: йӕ сӕфты бон ӕм цӕттӕйӕ лӕууы.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Иовы чиныг 15:23
21 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Кусдзынӕ йыл, фӕлӕ дзы бӕркадджын тыллӕг нал райсдзынӕ. Ӕнӕкъона, хӕтӕнхуагӕй ӕрвитдзынӕ дӕ цард».


Саудалынгӕй фервӕзыны ӕнхъӕл нал у, марӕн цыргъаг ӕм ӕппынӕдзух дардӕуы.


Зындзинӕдтӕ ӕмӕ йӕ бӕллӕхтӕ тасы ӕфтауынц, сӕ быны йӕ скодтой тыхагур паддзахау,


Сау бон ыл акӕндзӕн, йӕ талатӕ арты бавзалы уыдзысты, Хуыцауы комытӕфӕй ӕрбайсӕфдзӕн.


Фыдбылыз ӕм гӕппӕввонгӕй лӕууы, кӕд фесӕфдзӕни, уый бӕрӕг нӕй.


Рухсӕй йӕ талынгмӕ тӕрынц, цӕмӕй ацы зӕххыл мауал уа.


Дунедарӕг рӕстуды ’ххормагӕй нӕ ныууадздзӕн, фӕлӕ, ӕнӕхуыцау сыдӕй куы мӕла, уӕд ыл Йӕхи атигъ кӕндзӕн.


Дунедарӕг алцыдӕр йӕхи нысанӕн сфӕлдыста, суанг ӕнӕхуыцауы дӕр бӕллӕхы бонмӕ хъахъхъӕны.


Фӕлӕ, бирӕ чи цӕры, уый алы азыл дӕр цин кӕнӕд ӕмӕ дзы рох ма уӕд: ӕвзӕр ӕмӕ дзы сау бонтӕ дӕр бирӕ уыдзӕн. Уыдон дӕр тагъд аивгъуыйдзысты!


Мысырӕгтӕй, ассириӕгтӕй ӕххуыс куы агурӕм, цӕмӕй къӕбӕрӕй бафсӕдӕм!


Нӕ цардыл н’ ауӕрдгӕйӕ, агурӕм къӕбӕр: ӕдзӕрӕг быдыры нӕ фӕдыл зилы кард!


Уыцы бон талынг, мигъ ӕмӕ асӕст у. Ӕнӕнымӕц ӕмӕ тыхджын адӕм сӕуӕхсидау апырх уыдзысты хӕхтыл. Ӕнусты райдианӕй ахӕм адӕм никуы уыдис ӕмӕ нӕ уыдзӕн.


Дунедарӕджы тӕрхоны бон рухс нӕу, фӕлӕ талынг у, рухсы цъыртт дзы нӕй!


Уый уыдзӕни карз тӕрхоны, удхар ӕмӕ хъизӕмары, гӕныстон ӕмӕ сӕфты, саудалынг ӕмӕ тары, асӕст ӕмӕ тымыгъы бон.


ӕмӕ нын ӕрмӕстдӕр баззади тӕрхонмӕ, стӕй, Хуыцауы ныхмӕлӕуджытӕ мыггагмӕ цы ӕвирхъау арты амӕттаг фӕуыдзысты, уымӕ тӕрсгӕ-ризгӕйӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ