19 Ӕрмӕстдӕр уыдонӕн лӕвӕрд ӕрцыди зӕхх, ӕмӕ ӕндӕр искӕмӕн се ’хсӕн бынат нӕй.
Еверӕн райгуырди дыууӕ фырты: сӕ иу хуынди Пелег. Ахӕм ном ыл сӕвӕрдтой, зӕхх уыцы рӕстӕджы уӕрст кӕй ӕрцыди, уымӕ гӕсгӕ. Йе ’фсымӕр хуынди Йоктан.
Ӕппӕт ацы нӕмттӕй хуыдтой, Нойы фырттӕ ӕмӕ сӕ байзӕддагӕй зӕххыл доныхъаймӕты фӕстӕ чи ахӕлиу ис, уыдонӕй рацӕугӕ знӕмтӕ ӕмӕ адӕмыхӕттыты.
куырыхонтӕ фыдӕлтӕй цы фехъуыстой ӕмӕ цы нӕ басусӕг кодтой, уый.
Ӕнаккаг йӕ бонтӕ хъизӕмаримӕ ’рвиты, нымад сты йӕ азтӕ фыдгӕнӕгӕн.
Уӕд базондзыстут, Ӕз уӕ Дунедарӕг Хуыцау кӕй дӕн ӕмӕ Сионы, Мӕ уаз хохыл, кӕй цӕрын, уый. Йерусалим суыдзӕн уаз сахар, ӕцӕгӕлӕттӕ йыл дыууӕрдӕм нал кӕндзысты.
Афтӕ Дунедарӕг дӕр уыдоны иунӕгӕй размӕ кодта, кӕйдӕр хуыцау нӕ уыди семӕ.
Иууылбӕрзонд адӕмтӕн хӕйттӕ куы лӕвӕрдта ӕмӕ иу адӕмы иннӕмӕй куы хицӕн кодта, уӕд сын сӕ арӕнтӕ Хуыцауы фыртты нымӕцмӕ гӕсгӕ снысан кодта.