Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Иовы чиныг 15:13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

13 Хуыцауӕн Йӕ ныхмӕ куы сдӕ ӕмӕ ахӕм ныхӕстӕ куы кӕныс, уӕд?

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Иовы чиныг 15:13
16 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Каины кувинӕгтӕ та нӕ айста. Ӕмӕ йӕ туг рафыхти Каинӕн, йӕ сӕр ӕруагъта фыр мӕстӕй.


Дзургӕ ма кодта, афтӕмӕй паддзах йӕхӕдӕг дӕр ӕрбахӕццӕ ис ӕмӕ Елисейӕн загъта: «Ныр ма цавӕр ӕххуысмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсон Дунедарӕгмӕ, фыдбӕллӕхы нӕ Йӕхӕдӕг куы баппӕрста, уӕд?»


Хорз Дӕм кӕсы Де сконд адӕймаджы ’фхӕрын ӕмӕ йыл Дӕхи тигъ кӕнын, ӕнаккӕгтыл та аудын?


Абырджыты хӕдзӕрттӕ цӕрӕг сты, Хуыцауы чи мӕсты кӕны, уыдон ӕдас сты, цыма Хуыцау сӕ къухы ис, уыйау.


Дӕ зӕрдӕйы фӕдыл кӕдӕм цӕуыс, уыцы сӕрхызтӕй дӕ ных кӕдӕм сарӕзтай,


Цы у адӕймаг, цӕмӕй сыгъдӕг уа? Сылгоймаг кӕй ныййардта, уымӕн рӕстуд уӕвӕн куыд ис,


Иууылкуырыхон ӕмӕ иууылхъаруджын дӕр Йӕ ныхмӕ куыд фӕлӕудзӕн?


Сӕ рынчыны заман-иу скодтон сӕхъис ӕмӕ ком дардтон. Дунедарӕгӕн ӕхцон фӕуӕд мӕ куывд!


Адӕймагӕн йе ’дылы зонды аххосӕй йӕ фӕндаг ныссуйтӕ вӕййы, мӕсты та Дунедарӕгмӕ фӕкӕны.


Сӕ тӕригъӕд куы бафидынц ӕфхӕрдӕй, уӕд ма куыд хъуамӕ рахъаст кӕной адӕм?!


Сымах зӕгъут, Дунедарӕджы тӕрхон раст нӕу, зӕгъгӕ. Байхъусут-ма, Израилы адӕм! Ау, Ӕз ӕнӕраст тӕрхон кӕнын? Ӕнӕраст тӕрхон сымах кӕнут!


Сымах къӕйныхӕй дзурут Мӕ ныхмӕ, — зӕгъы Дунедарӕг. — Зӕгъдзыстут Мын: «Цымӕ цы дзурӕм?»


Кӕд исчи йӕхи уырнӕгыл нымайы, йе ’взагыл та йӕ бар нӕ цӕуы, уӕд йӕхӕдӕг йӕхи сайы ӕмӕ йӕ уырнындзинад ӕнӕпайда у.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ