10 не ’хсӕн урссӕр зӕрӕдтӕ дӕр куы ис, дӕ фыдӕй дӕр зӕронддӕртӕ?
Зӕронд куырыхон у, бирӕ азтӕ зондыл ӕфтауынц.
Мӕлгъӕвзаджы ӕгомыг скӕны, зӕрондӕн йӕ сӕрызонд баталынг кӕны.
Урс сӕр — намысы кады худ, раст фӕндагыл чи цӕуы, уый йӕ ссардзӕнис.
Усгур лӕппу ӕмӕ чындздзон чызг, дзидзидай саби ӕмӕ урссӕр зӕронд дуарӕн ӕдде цыргъагӕй цагъды кӕндзысты, хӕдзары мидӕг та — фыр тӕссӕй.
Ӕрхъуыды-ма кӕн рагзамантӕ, раздӕры фӕлтӕрты хабӕрттӕ. Бафӕрс-ма дӕ фыды, ӕмӕ дын ракӕндзӕн сӕ кой; уӕ зӕрӕдты-ма бафӕрс, ӕмӕ дын радзурдзысты уыдон.