Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Иовы чиныг 14:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Бӕласы дӕр ма йӕ фидӕнӕй ныфс и: акалӕнт ӕй — йӕ бындзӕфхад ногӕй ӕвзар суадздзӕн.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Иовы чиныг 14:7
10 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Фӕлӕ ма амӕлӕг куыд райгас уыдзӕни? Цалынмӕ мӕ рӕстӕг ахицӕн уа, уӕдмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсдзынӕн фервӕзынмӕ.


уӕд ӕй иу чысыл сулӕфын бауадз, ӕххуырст кусӕг йӕ куысты фӕстӕ куыд баулӕфы, афтӕ.


Йӕ уидӕгтӕ зӕххы бын куы базӕронд уой, йӕ мард къодах зӕххы бын куы фӕуа,


Алырдыгӕй дӕр мӕ ныззыгуым кодта, ӕмӕ сӕфын, мӕ ныфс мын бӕласау йӕ бындзарӕй срӕдывта.


Йессейы калд бӕласы бындзӕфхад суадздзӕни тау, ӕмӕ дзы ног тала сырӕздзӕн.


Сомбон Йаковы байзӕддӕгтӕ ног уидӕгтӕ ауадздзысты. Израил ног талатӕ суадздзӕн ӕмӕ дидинӕг ракалдзӕн, ӕгас дуне байдзаг уыдзӕн йӕ дыргътӕй.


Адӕмӕн ма йыл сӕ дӕсӕймаг хай куы баззайа, уӕд дӕр та ногӕй гӕныстонмӕ ӕрцӕудзӕни. Фӕлӕ теревинф ӕмӕ тулдз бӕласӕй, куы сӕ акалынц, уӕд бындзӕфхад куыд баззайы, афтӕ уыдонӕй дӕр баззайдзӕни уаз мыггаг».


Ӕрмӕстдӕр ын йӕ бындзӕфхад зӕххы, быдыры кӕрдӕджы астӕу ныууадзут — ӕфсӕн ӕмӕ ӕрхуы рӕхысты. Йӕхи ӕхсӕд ӕрвон ӕртӕхӕй, цӕрӕд сырдтимӕ, адӕймаджы сӕрызондӕй ӕнӕхай фӕуӕд,


Гъе, ахӕм фын федтон ӕз. Уӕдӕ мын ныр, Белтешацар, дӕ хорзӕхӕй, бамбарын кӕн, цы амоны, уый. Мӕ паддзахады куырыхонтӕй иуӕн дӕр, цы амоны, уый зӕгъын йӕ бон не сси, фӕлӕ ды хайджын дӕ Хуыцауы Удӕй, ӕмӕ йӕ дӕ бон бамбарын кӕнын суыдзӕн“.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ