3 Ӕмӕ Дӕ цӕстытӕ уымӕй нӕ исыс, тӕрхондонмӕ уый кӕныс?
Бӕласӕй цы сыф ӕрхауди, ууыл Дӕ тых фӕлварыс? Хус тихалӕг Дӕ уӕлныхты цы сисыс?
Мӕ къӕхтыл мын хъадамантӕ бакодтай, гакк мыл сӕвӕрдтай, мӕ алы къахдзӕф дӕр Дын нысангонд у.
Хуыцауы тас дӕ кӕй ис, уый тыххӕй дӕ бафхӕрдзӕн, уый тыххӕй дын тӕрхон кӕндзӕн?
Уый адӕймаг нӕу мӕнау, цӕмӕй Йемӕ быцӕу кӕнон ӕмӕ Йемӕ тӕрхондонмӕ ацӕуон.
Уый у мӕ уарзӕгой Хуыцау, мӕ фидар, ме ’мбӕхсӕн, мӕ ирвӕзынгӕнӕг, мӕ уарт, ӕз мӕ зӕрдӕ Ууыл дарын; мӕ адӕмы мын бакодта мӕ дӕлбар.
Стыр у Дунедарӕг ӕмӕ у ӕппӕлыны аккаг, зонд не ’ххӕссы Йе стырадыл.
Де ’нгуылдзтӕ цы уӕлӕрвтӕ сфӕлдыстой, уым цы мӕй, цы стъалытӕ ӕрцауыгътой, уыдонмӕ куы скӕсын,
Фӕлӕ мах зонӕм: Ӕгъдау цыдӕриддӕр зӕгъы, уый, йӕ дӕлбар чи ис, уыцы адӕмӕн зӕгъы, цӕмӕй йӕхи сраст кӕнын йӕ бон макӕмӕн уа ӕмӕ ӕгас дуне азымджын уа Хуыцауы раз.