21 Йӕ зӕнӕг рӕгъмӕ рацыдысты ӕви нӕ, уый нӕ зондзӕн; исчи сӕ ӕфхӕры ӕви нӕ, уый нӕ фендзӕн.
Ӕрмӕст йӕхи буары рыстӕй риссы, ӕрмӕст йӕхи удыл марой кӕны».
Куы амӕлой, уӕд та ма сын цы уӕлдай уыдзӕн, сӕ фӕстӕ сӕ бинонтӕ цы бауыдзысты, уый?
Куыддӕр сӕхиуыл фервӕссой, афтӕ ӕрбайсӕфдзысты: иннӕтау ӕрхаудзысты ӕмӕ амӕлдзысты; мӕнӕуы ӕфсиртау карст ӕрцӕудзысты.
Дунедарӕг, мӕ Хуыцау! Кӕуылты сты дӕ диссӕгтӕ, нӕ сӕраппонд цы фӕндтӕ нывӕндыс, уыдон! Дӕуӕн ӕмбал кӕм ис? Дӕ диссӕгты кой Дын ракӕнин, фӕлӕ сӕ ӕз кӕд фӕуыдзынӕн нымад?
Йӕ базайрӕгтӕ хорз уӕй цӕуынц, уый фӕуыны, ӕмӕ ’хсӕвыгон дӕр йӕ цырагъ нӕ ахуыссы.
Удӕгӕстӕ, кӕй амӕлдзысты, уый зонынц, мӕрдтӕ та ницы зонынц. Лӕг йӕ куыстӕй цы хӕрзиуӕгмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ахӕмӕй ницыуал райсдзысты, уымӕн ӕмӕ ферох сты.
Фӕлӕ Ды куы дӕ нӕ Фыд! Авраам нӕ зоны мах, Йаков дӕр — афтӕ. О Дунедарӕг, Ды дӕ нӕ Фыд! Дӕ ном мыггагмӕ дӕр у «нӕ Ирвӕзынгӕнӕг».
уый фӕстӕ мӕлӕты къахыл ныллӕууыд. Йӕ уӕлхъус цы сылгоймӕгтӕ лӕууыди, уыдон ын ныфсытӕ ӕвӕрдтой: «Ма тӕрс, лӕппу ныййардтай». Фӕлӕ сӕ уый хъуыды дӕр нӕ кодта, ницы дзуапп сын лӕвӕрдта.