20 Куы йӕ ’рцӕвай — ӕрбайсӕфдзӕни ӕнустӕм, йӕ цӕсгомы хуыз ын аивдзынӕ ӕмӕ йӕ арвитдзынӕ.
Фӕлӕ ма амӕлӕг куыд райгас уыдзӕни? Цалынмӕ мӕ рӕстӕг ахицӕн уа, уӕдмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсдзынӕн фервӕзынмӕ.
Дардӕй суыдтой Иовы ӕмӕ йӕ нал базыдтой. Уӕд ӕртӕ хӕлары хъӕрӕй ныккуыдтой, сӕ уӕлӕдарӕс фӕйнӕрдӕм арӕдывтой, армыдзагӕй сӕ сӕртыл рыг калдтой.
уӕддӕр йӕ фаджысау йӕхӕдӕг дӕр ӕрбайсӕфдзӕн, чи йӕ федта, уыдон зӕгъдзысты: „Цы фӕци?“
Мӕхицӕн ӕнӕмӕтӕй хуыссин ӕмӕ улӕфин,
Сӕумӕрайсомӕй изӕрмӕ — сӕ цард, ӕнустӕм куыд ӕрбатар уыдзысты — зонгӕ дӕр ӕй нӕ бакӕндзынӕ.
Адӕймаг дымгӕ йӕ армы нӕ бауромдзӕн, стӕй йӕ удыл дӕр йӕ бар нӕ цӕуы, цы бон амӕлдзӕн, уый йӕхицӕй аразгӕ нӕу. Ацы мӕлӕтдзаг тохӕн аргъӕвӕн нӕй, суанг фыдгӕнӕг дӕр йӕ фыдбылызты фӕрцы нӕ аирвӕздзӕн.
Уӕ, ныр куы ныссау сты ӕвзалыйау, уӕ, уынгты сӕ куынӕуал ис базонӕн! Куы фестадысты царм ӕмӕ стджытӕ, сӕ царм бӕласы цъарау бахус ис.