19 дон дуртӕ баууилы, зӕххы уӕлцъар йӕ уӕлныхты айсы. Афтӕ Ды дӕр адӕймаджы ныфс амарыс!
Ӕз зӕххыл рауадздзынӕн доныхъаймӕт, ӕмӕ арвы бын царды комулӕфт кӕмӕдӕриддӕр ис, уыдоны се ’ппӕты дӕр фесафдзынӕн, зӕххон цӕрджытӕ бабын уыдзысты иууылдӕр.
Фӕлӕ хох куы рафӕлдӕхы, уӕд базгъӕлӕнтӕ вӕййы, къӕдзӕх йӕ бынатӕй феггуырсы;
Цӕуыл ма дарон мӕ зӕрдӕ? Чи мын фендзӕн мӕ ныфс?
Алырдыгӕй дӕр мӕ ныззыгуым кодта, ӕмӕ сӕфын, мӕ ныфс мын бӕласау йӕ бындзарӕй срӕдывта.
Уыдон афонӕй раздӕр цагъды фесты, сӕ хӕдзӕрттӕ сын дон фӕласта.
Хуыцау кӕмӕн нӕй, уымӕн йӕ зӕрдӕ цӕуыл фӕлӕудзӕн, Хуыцау ын йӕ уд куы айса, уӕд?
Тынуафӕджы цъӕгъӕдзау стырындз сты мӕ бонтӕ, ӕмӕ сӕм кӕсын ныфссастӕй.
Дунедарӕг мын загъта: «Адӕймаджы фырт! Ацы стджытӕ сты Израилы ӕппӕт адӕм. Уыдон дзурынц, зӕгъгӕ, бахус сты не стджытӕ, асасти нӕ ныфс, не сӕфт ӕрцыд».