17 мӕ тӕригъӕдтӕ мын мыхуырӕвӕрд скӕнис, мӕ аххӕстӕ мын бамбӕхсис.
Фӕлӕ хох куы рафӕлдӕхы, уӕд базгъӕлӕнтӕ вӕййы, къӕдзӕх йӕ бынатӕй феггуырсы;
Сӕ байзӕддагыл сын рахӕтдзӕн Хуыцау? Сӕхицӕн сын аккаг фӕуӕд, цӕмӕй зоной,
Сыгъдӕг, дам, дӕн ӕз, ӕнӕкъӕм, ницы азым мӕм ис, сыгъдӕг дӕн.
Раст куы уон, уӕд дӕр мӕ дзых мӕхи ныхмӕ рацӕудзӕн; азымджын куынӕ уон, уӕд дӕр мӕ фӕзылынджын кӕндзӕн.
уӕд дӕр мӕ Ды цъыфы сӕвдулдзынӕ, ӕмӕ мыл мӕ дарӕс дӕр ӕлгъ кӕндзӕн.
Дӕхи фӕныкдоны куы цӕхсай, уӕд дӕр Мӕ разы не ссыгъдӕг уыдзынӕ! Дӕ тӕригъӕды къӕм — Мӕ разы! — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.
Ӕлхӕды ӕвдисӕндар ныффыстон ӕмӕ йыл мыхуыр сӕвӕрдтон. Ӕвдисӕнтӕм фӕдзырдтон ӕмӕ ӕвзист барӕныл сбарстон.
Рох нӕу Ефремы фыдракӕнд, йӕ тӕригъӕд нӕ ферох ис.
„Уымӕн ӕмӕ сӕ сӕнӕфсир Содом ӕмӕ Гоморрӕйы сӕнӕфсиры тала у, йӕ гагатӕ — марг, йӕ цупӕлттӕ — маст.
Исты Мӕм уыдӕттӕ ӕвӕрд не сты, бӕрӕг ран сӕ нӕ бафснайдтон?