14 Фӕлӕ ма амӕлӕг куыд райгас уыдзӕни? Цалынмӕ мӕ рӕстӕг ахицӕн уа, уӕдмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсдзынӕн фервӕзынмӕ.
Фӕлӕ йын Барзиллай дзуапп радта: «Цал азы ма цӕрдзынӕн, цӕй номыл ма цӕуон паддзахимӕ Йерусалиммӕ?
Мары мӕ — уӕддӕр Ыл мӕ зӕрдӕ дардзынӕн, мӕ рӕстдзинадыл дзурдзынӕн Йӕ разы,
Тӕхуды, мӕрдтыбӕсты мӕ куы бамбӕхсис, цалынмӕ Дӕ маст ӕрцӕуа ӕмӕ афтӕмӕй бӕлвырд ӕмгъуыды фӕстӕ Дӕ зӕрдыл ӕрлӕууон, уӕдмӕ!
Басиддзынӕ мӕм, ӕмӕ Дын ӕз дзуапп ратдзынӕн: Ды ме Скӕнӕг дӕ ӕмӕ мӕ ӕрымысдзынӕ.
Кӕд адӕймагӕн йӕ царды бонтӕ нымад сты, кӕд Дын йӕ мӕйтӕ дӕр барст сты, ӕмӕ йын уыцы арӕны сӕрты ахизӕн нӕй,
уӕддӕр йӕ фаджысау йӕхӕдӕг дӕр ӕрбайсӕфдзӕн, чи йӕ федта, уыдон зӕгъдзысты: „Цы фӕци?“
Уый фӕстӕ ма Иов фӕцарди сӕдӕ цыппор азы ӕмӕ ма йӕ байзӕддӕгтӕн суанг сӕ цыппӕрӕм фӕлтӕр дӕр ӕрӕййӕфта.
Адӕймагӕн нывгонд у цагъары уӕззау куыст цӕрӕнбонты.
Фос дӕр ӕмӕ адӕм дӕр уыцы иу ранмӕ цӕуынц: удӕгасӕй цыдӕриддӕр ис, уыдон иууылдӕр сыджытӕй равзӕрдысты ӕмӕ сыджытыл бафтдзысты.
Дунедарӕг Йе ’ргом аздӕхта Йаковы байзӕддагӕй, фӕлӕ ӕз уӕддӕр Дунедарӕгӕй ныфсджын уыдзынӕн, мӕ зӕрдӕ Йыл дардзынӕн.
Хуыцау мӕрдты кӕй ӕгас кӕны, уый, ӕрцӕуӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм диссагыл нымайут, ӕви?
Ӕппӕт басӕттын дӕр Йӕ бон кӕмӕй у, Йӕ уыцы хъаруйӕ Уый аивдзӕн нӕ лӕмӕгъ буар, скӕндзӕн ӕй Йӕ кадджын Буары халдих.
Уӕд денджыз радта, чи дзы уыди, уыцы мӕрдты, мӕлӕт ӕмӕ мӕрдтыбӕстӕ дӕр радтой, чи сӕм уыди, уыцы мӕрдты. Ӕмӕ алкӕмӕн дӕр тӕрхонгонд ӕрцыд йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ.