Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Иовы чиныг 14:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Лӕг та амӕлы ӕмӕ бартхутӕг вӕййы. Йӕ уд сисы ӕмӕ нал фӕзыны.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Иовы чиныг 14:10
20 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Йаков Йӕ фырттӕн уыцы фӕдзӕхстытӕ куы загъта, уӕд йӕ хуыссӕнуаты йӕхи ауагъта ӕмӕ уыйадыл йӕ уд систа, йӕ фыдӕлтӕм ацыд.


Не ’ппӕт фыдӕлтау мах дӕр Дӕ разы ӕрцӕуӕггӕгтӕ стӕм, рӕстӕгмӕцӕрджытӕ. Нӕ царды бонтӕ ацы зӕххыл аууонӕй уӕлдай не сты, ницы ныфс нӕм ис.


Дунейы рухс мын цӕмӕн фенын кодтай? Фӕлтау куы амардаин — уӕд мӕ никӕй цӕст федтаид!


Ӕнаккӕгтӕн та сӕ цӕстыты рухс ахуысдзӕн, сӕ сӕр кӕм бафснайой, уый сын нӕ уыдзӕн, сӕ зӕрдӕдарӕн фесӕфдзӕн».


Куы уӕ бафӕлвара, уӕд та цы фӕуыдзыстут? Адӕймаджы куыд асайут, афтӕ Йӕ афӕливдзыстут?


Афтӕ адӕймаг дӕр: ӕруатон вӕййы ӕмӕ нал сысты, ӕмӕ, цалынмӕ арв йӕ бынаты уа, уӕдмӕ уый йӕ мӕрдон фынӕйӕ нӕ райхъал уыдзӕн.


уӕд дӕр, доны хъӕстӕ фӕци, зӕгъгӕ, ногӕй ӕвзартӕ суадздзӕн ӕмӕ ӕвзонг талайау рӕзынмӕ фӕуыдзӕн.


ӕмӕ, мӕ буар куы азгъӕла, уӕд дӕр ӕз фендзынӕн Хуыцауы.


уӕддӕр йӕ фаджысау йӕхӕдӕг дӕр ӕрбайсӕфдзӕн, чи йӕ федта, уыдон зӕгъдзысты: „Цы фӕци?“


Мӕ мады гуыбынӕй куы рацыдтӕн, тӕккӕ уыцы уысм мӕ уд цӕуылнӕ систон?


Мӕхицӕн ӕнӕмӕтӕй хуыссин ӕмӕ улӕфин,


Цӕуылнӕ мын ныббарыс мӕ азым, цӕуылнӕ мын ныххатыр кӕныс мӕ тӕригъӕд? Ӕз рӕхджы фӕдӕлсыджыт уыдзынӕн, агурдзынӕ ма мӕ, фӕлӕ — ницы!»


Ӕнӕхуыцӕутты сӕ фыдбылызтӕ фесафынц, рӕстудӕн та йӕ мӕлӕты дӕр ис зӕрдӕдарӕн.


Фос дӕр ӕмӕ адӕм дӕр уыцы иу ранмӕ цӕуынц: удӕгасӕй цыдӕриддӕр ис, уыдон иууылдӕр сыджытӕй равзӕрдысты ӕмӕ сыджытыл бафтдзысты.


Бӕлвырд куыд базонӕн ис, адӕймаджы уд уӕларвмӕ атӕхы, цӕрӕгойы уд та зӕххы бынмӕ ацӕуы, уый?


Йесо та ногӕй хъӕрӕй ныууынӕргъыдта ӕмӕ Йӕ уд систа.


Сапфирӕ ӕваст ӕрхауд Петры къӕхты бынмӕ ӕмӕ йӕ уд систа. Лӕппутӕ куы бацыдысты, уӕд ӕй баййӕфтой мардӕй, рахастой йӕ ӕмӕ йӕ баныгӕдтой йӕ мойы фарсмӕ.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ