1 Сылгоймаг кӕй ныййардта, уыцы адӕймагӕн йӕ цард цыбыр у, йӕ маст та — бирӕ.
Адамӕн Дунедарӕг Хуыцау загъта: «Дӕ усы коммӕ кӕй бакастӕ ӕмӕ дын тобӕ цы бӕласӕй загътон, уый дыргътӕй кӕй бахордтай, уый тыххӕй ӕлгъыст у зӕхх дӕу тыххӕй. Цӕрӕнбонты дзы исдзынӕ дӕ къӕбӕр, хъизӕмӕрттӕ ’взаргӕйӕ.
Йаков фараонӕн дзуапп радта: «А дунейыл хӕтӕнхуагӕй цӕрын сӕдӕ ӕртын азы. Цыбыр ӕмӕ зынвадат уыди мӕ цард. Мӕ фыдӕлтӕ цас фӕцардысты, мӕнӕн уыйас нӕ бантыст».
Уӕд дын ӕвиппайды куы ныцъцъӕхахст кӕнид: «Мӕ сӕр! Мӕ сӕр риссы!» Лӕппуйы фыд йӕ лӕггадгӕнӕгмӕ баздӕхт: «Цу, йӕ мадмӕ йӕ ахӕсс!»
Ӕз бирӕ нал ахӕсдзынӕн, ныууадз мӕ, — иу чысыл уӕддӕр фӕхӕцон мӕхиуыл,
Цы у адӕймаг, цӕмӕй сыгъдӕг уа? Сылгоймаг кӕй ныййардта, уымӕн рӕстуд уӕвӕн куыд ис,
Адӕймаг Хуыцауы раз раст куыд уыдзӕн? Куыд уыдзӕн сыгъдӕг, сылгоймаг кӕй ныййардта, уый?
Мӕй дӕр ма, кӕс, Йӕ разы мынӕг куы у, стъалытӕ дӕр ӕнӕкъӕм куы не сты Йӕ разы!
Уый адӕймаг райгуыры хъизӕмарӕн, цӕмӕй зынджы стъӕлфӕнау арвмӕ стӕха.
Адӕймагӕн нывгонд у цагъары уӕззау куыст цӕрӕнбонты.
Тынуафӕджы цъӕгъӕдзау стырындз сты мӕ бонтӕ, ӕмӕ сӕм кӕсын ныфссастӕй.
Мах та зноныккон стӕм ӕмӕ ницы зонӕм, уымӕн ӕмӕ ӕрбайсӕфынц ӕндӕргтау нӕ царды бонтӕ зӕххыл.
Фӕдисонау згъорынц мӕ бонтӕ, уайынц, фӕлӕ сӕм хорзӕй ницы зыны.
Тӕхудиаг у уыцы адӕймаг, йӕ зӕрдӕ Дунедарӕгыл чи дары, сӕрыстыртӕй ӕмӕ фӕлитойтӕй йӕхи чи хизы!
Дунедарӕг, мӕ Хуыцау! Кӕуылты сты дӕ диссӕгтӕ, нӕ сӕраппонд цы фӕндтӕ нывӕндыс, уыдон! Дӕуӕн ӕмбал кӕм ис? Дӕ диссӕгты кой Дын ракӕнин, фӕлӕ сӕ ӕз кӕд фӕуыдзынӕн нымад?
Фыддзинад дын хорз ракӕнынӕй — ӕхцондӕр, мӕнгдзинад та — раст ныхӕстӕ дзурынӕй.
Цард мын ӕнӕуынон сси. Лӕг зӕххыл йӕ хъару цӕуыл хардз кӕны, уыдӕттӕ иууылдӕр банымадтон ӕвзӕрыл, уымӕн ӕмӕ алцыдӕр аивгъуыйы, алцыдӕр, дымгӕ ӕрцахсыныл куы архайай, уымӕй уӕлдай нӕу!
Цалынмӕ цӕры, уӕдмӕ алцӕуыл мӕт кӕны, тыхсы, ӕхсӕвыгон дӕр хъизӕмар кӕны, фӕлӕ та уыдӕттӕн кӕрон ӕрцӕуы, алцыдӕр аивгъуыйы.
Цӕмӕн рацыдтӕн мады гуыбынӕй? Ӕрмӕстдӕр тухӕнтӕ ӕвзарынмӕ ӕмӕ ӕгадӕй амӕлынмӕ?
Ӕцӕг уын зӕгъын: сылгоймагӕй чи райгуырд, уыдонӕй Аргъауӕг Иоаннӕй стырдӕр нӕ уыди, фӕлӕ, Уӕларвон Паддзахады тӕккӕ къаддӕр чи у, уый дӕр Иоаннӕй стырдӕр у.