9 Куы уӕ бафӕлвара, уӕд та цы фӕуыдзыстут? Адӕймаджы куыд асайут, афтӕ Йӕ афӕливдзыстут?
Хъомыс дӕр ӕмӕ уӕлзонд дӕр Уымӕ сты, сайӕг дӕр ӕмӕ сайд кӕуыл ӕрцыд — дыууӕ дӕр Йӕ бар сты.
Лӕг та амӕлы ӕмӕ бартхутӕг вӕййы. Йӕ уд сисы ӕмӕ нал фӕзыны.
Мӕ сӕр адӕмӕн хъазинаг фӕци, хынджылӕгӕн та зын у фӕразын.
О, ноджы тынгдӕр ӕфхӕрд куы баййӕфтаид Иов — ӕнӕхуыцӕутты ’взагӕй дзуры!
Уӕдӕ дзӕгъӕлдзырд мауал кӕнут, науӕд уӕ рӕхыстӕ ноджы уӕззаудӕр суыдзысты. Дунедарӕгӕй, Уӕларвӕфсады Бардарӕгӕй, фехъуыстон, ӕгас зӕххӕн йе сӕфт нысангонд кӕй у, уый.
Ӕз, Дунедарӕг, адӕймаджы зӕрдӕ уынын, йӕ уд ын фӕлварын, цӕмӕй алкӕмӕн дӕр йӕ митӕм ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ бафидон».