Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Иовы чиныг 13:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Фӕлтау куы ныхъхъус уаиккат, уӕд уый уӕ зондыл дзурӕг уаид.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Иовы чиныг 13:5
14 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Дӕ дзӕгъӕлдзырдмӕ дын хъуамӕ хъусӕй лӕууӕм, куы нӕ хъазай, уӕд дын макӕ мачи зӕгъа?


Ныхъхъус ут уӕдӕ, дзырды бар мын раттут.


Ӕрбайхъусут, цы уын зӕгъын, уымӕ ӕмӕ ахъуыды кӕнут мӕ ныхӕстыл.


Цымӕ ацы дзӕгъӕлдзырдӕн кӕрон кӕд уыдзӕн? Уый бӕрц дӕ удхарӕй цы мары, цӕмӕй ахӕм дзуапп раттай?


«Цы пайда ис дзӕгъӕл ныхӕстӕй? Ахъуыды уал кӕнут, ӕмӕ стӕй дзурдзыстӕм.


«Кӕдмӕ мӕ удхарӕй мардзыстут, уӕ ныхӕстӕй мын мӕ зӕрдӕ кӕдмӕ къахдзыстут?


Ӕрбакӕсут-ма мӕм — фӕтӕрсӕн мӕ нӕй? Уӕ армытъӕпӕнтӕй ныххӕцут уӕ дзыхтыл?


Иов йӕ рӕстдзинадыл дызӕрдыг нӕ кӕны, уый куы бамбӕрстой йе ’ртӕ хӕлары, уӕд ныхъхъус сты, ницыуал ӕм дзырдтой.


Ӕнхъӕлмӕ уӕм фӕкастӕн ӕмӕ, кӕд ницыуал зӕгъинаг стут, кӕд афтӕ хъусӕй лӕудзыстут,


Ӕдылыйы дӕр, куы ницы сдзура, уӕд куырыхоныл банымайдзысты, йӕ дзыхыл куы хӕца, уӕд искӕмӕ зондджын фӕкӕсдзӕн.


Хуыцауы раз дзырд куы раттай, уӕд ӕй ӕвӕстиатӕй сӕххӕст кӕн. Хуыцау ӕдылытыл нӕ ауды, лӕг хъуамӕ йӕ ныхасӕн хицау уа.


Ацы заманы куырыхон йӕ дзыхыл хӕцы, уымӕн ӕмӕ фыд заман у.


Уӕ зӕрдыл бадарут, мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ: алчидӕр рӕвдз уӕд байхъусынмӕ, рагацау хъуыды кӕнӕд йӕ ныхасыл, мӕстыгӕр ма уӕд.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ