4 Сымах та мӕ дзӕбӕх кӕнут мӕнгдзинадӕй, уе ’ппӕт дӕр стут ницӕйаг хосгӕнджытӕ!
Фӕлӕ йӕм ӕз арвыстон: «Ды цы дзурыс, ахӕмӕй дзы ницы ис. Дӕхи ӕрымысӕггаг сты».
«Ахӕм ныхӕстӕ ӕз бирӕ фехъуыстон, уӕ ныфсӕвӕрӕн ныхӕстӕй масты ӕфтаут ӕрмӕстдӕр.
Уӕхӕдӕг дӕр ӕй куы уынут, уӕд ма дзӕгъӕл ныхас кӕм хъӕуы?
Фӕлӕ мӕныл ме ’фсымӕртӕ тагъд донау сӕ зӕрдӕ сивтой, уалдзыгон донвӕдау раив-баив кӕнынц.
сӕ зӕрдӕдарӕн мӕнг разындзӕн, фыдӕнхъӕл фӕуыдзысты, хуыскъ ададжы цурмӕ куы бахӕццӕ уой, уӕд.
Сымах дӕр уыдоны хуызӕн — мӕ дудгӕбон мын федтат ӕмӕ фӕтарстыстут.
Искӕй ныхмӕ мӕнгӕвдисӕн ма ныллӕуу.
Ӕз, сӕ мӕнг фынтӕ цы пехуымпартӕ дзурынц, уыдоны ныхмӕ сыстдзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг. — Сӕ фынтӕй ӕмӕ сӕ къӕйных мӕнг ныхӕстӕй Мӕ адӕмӕн сӕ зонд сзгъуыммӕ кодтой, афтӕмӕй сӕ Ӕз нӕ арвыстон ӕмӕ сын ахӕм бардзырд нӕ радтон. Уыдон ацы адӕмӕн ницы пайда ӕрхӕсдзысты, — зӕгъы Дунедарӕг.
Дӕ цӕфтӕн хостӕ нӕй ӕмӕ дын нӕй сдзӕбӕхы амал, уымӕн ӕмӕ дӕ хъуыддагыл ничи тыхсы.
Мысыры чызг, Галаадмӕ ацу, ӕвдадзы хос ӕрхӕсс дӕхицӕн! Хосагурӕг дзӕгъӕлы зилыс — сдзӕбӕх уӕвӕн дын нӕй.
Мӕ адӕмы хъӕдгӕмттӕ дзӕбӕх кӕнынц ӕнӕсӕрфатӕй, сабыр цардӕй сын зӕрдӕтӕ ӕвӕрынц, афтӕмӕй сабырдзинадӕн йӕ кой дӕр нӕй.
Ау, Галаады ӕвдадзы хос нӕй? Ау, иу дохтыр дзы нал ис? Мӕ адӕмы хъӕдгӕмттӕн сдзӕбӕхы амал цӕуылнӕ ис?»
Лӕмӕгъ фосмӕ нӕ зылдыстут, рынчынты нӕ дзӕбӕх кодтат, сӕ хъӕдгӕмттӕ-иу сын нӕ бабастат, дзӕгъӕл фосы-иу не ’рбаздӕхтат фӕстӕмӕ, сӕфты-иу нӕ бацагуырдтат, семӕ уыдыстут карз ӕмӕ ӕгъатыр.
Ефрем федта йӕ низ, Иудӕ — йӕ хъӕдгом. Уӕд Ефрем ацыдис Йаревмӕ, Ассирийы паддзахмӕ, фӕлӕ йын уымӕн ницы у йӕ бон, йӕ низӕй йӕ нӕ фервӕзын кӕндзӕни.
Йесо уый куы фехъуыста, уӕд сын загъта: «Дохтыр ӕнӕнизты нӕ, фӕлӕ рынчынты хъӕуы. Ӕз ӕрцыдтӕн рӕстгӕнджытӕм нӕ, фӕлӕ тӕригъӕдджынтӕм фӕсидынмӕ».
Бирӕ дохтыртӕ йын бирӕ хъизӕмар бавзарын кодтой, цыдӕриддӕр ӕм уыди, уый бахардз кодта, фӕлӕ, фыддӕр уавӕрмӕ цы ӕрцыд, уый йеддӕмӕ йын ӕххуыс ницы фесты.