23 Мӕ тӕригъӕдтӕ, мӕ фыдракӕндтӕ бирӕ сты? Бацамон мын мӕ тӕригъӕдтӕ ӕмӕ мӕ рӕдыдтытӕ.
Хуыцауӕн зӕгъдзынӕн: тӕрхон рахӕссынмӕ тагъд ма кӕн, мӕ азым уал мын бамбарын кӕн!
Аххос мӕм цы агурыс, тӕригъӕд мӕм ссарыныл цы архайыс?
Уӕдӕмӕ дӕ фыдракӕндтӕ сбирӕ сты, дӕ тӕригъӕдтӕн кӕрон нӕй.
Сыгъдӕг, дам, дӕн ӕз, ӕнӕкъӕм, ницы азым мӕм ис, сыгъдӕг дӕн.
Зонд мын бацамонут, ӕмӕ мӕ дзых сӕхгӕнон, цы фӕрӕдыдтӕн, уый мын бамбарын кӕнут.
Цӕуылнӕ мын ныббарыс мӕ азым, цӕуылнӕ мын ныххатыр кӕныс мӕ тӕригъӕд? Ӕз рӕхджы фӕдӕлсыджыт уыдзынӕн, агурдзынӕ ма мӕ, фӕлӕ — ницы!»