2 Ӕз дӕр сымахӕй къаддӕр нӕ зонын, сымахӕй дӕлдӕр ницӕмӕй дӕн.
Мӕныл дӕр сымахау сӕр ис, ӕмӕ ӕз дӕр сымахӕй ницӕмӕй дӕлдӕр дӕн, стӕй ӕппӕт уыдӕттӕ чи нӕ зоны?
„Иов йӕхӕдӕг дӕр, цы дзуры, уый нӕ зоны, ӕнӕсӕрфат сты йӕ ныхӕстӕ“.
Уӕдӕмӕ дзӕгъӕлдзырд кӕны Иов, ӕмбаргӕ ницы кӕны, афтӕмӕй бирӕ дзуры».
Хъусут, хъусут Йӕ нӕргӕ хъӕлӕсмӕ, ӕрвнӕрды уынӕр цӕуы Йӕ комӕй,
Дунедарӕг Иовимӕ Йӕ ныхас куы фӕци, уӕд загъта теманаг Елифазӕн: «Дӕумӕ дӕр ӕмӕ дӕ дыууӕ ’мбалмӕ дӕр фыр мӕстӕй судзын — сымах Мӕн тыххӕй Мӕ цагъар Иовы хуызӕн раст кӕй нӕ дзырдтат, уымӕн.
Фӕлӕ мӕнӕн Хуыцаумӕ у ме ’ргом, ӕмӕ мӕ хъаст Уымӕ хӕссын.
Ӕз сдӕн ӕнӕзондау — уымӕ мӕ уӕхӕдӕг ӕртардтат. Уӕвгӕ та мӕ сымах хъуамӕ ӕппӕликкат. Кӕд ӕз ницы дӕн, уӕддӕр «уӕлдӕр апостолтӕй» ницӕмӕй цауддӕр дӕн.