6 Абырджыты хӕдзӕрттӕ цӕрӕг сты, Хуыцауы чи мӕсты кӕны, уыдон ӕдас сты, цыма Хуыцау сӕ къухы ис, уыйау.
Амондджын чи у — ӕнамонддзинадыл худы, йӕ къӕхтыл фидар чи нӕ лӕууы, уыдонӕн цӕттӕгонд у, зӕгъгӕ.
Ӕгомыг фосы бафӕрс — бамбарын дын кӕндзысты, уӕларвон мӕргътӕ дын радзурдзысты;
Хуыцауӕн Йӕ ныхмӕ куы сдӕ ӕмӕ ахӕм ныхӕстӕ куы кӕныс, уӕд?
Афтӕмӕй-иу сын Уый сӕ хӕдзӕрттӕ байдзаг кодта мулкӕй! Ме ’нӕуынон фӕуӕнт ӕнаккӕгты хъуыдытӕ!
Уый сӕ хъахъхъӕны, се ’нцой лӕууы, сӕ фӕндӕгтӕй Йӕ цӕст нӕ исы.
Фыдгӕнджыты къухы ис зӕхх, ӕмӕ тӕрхоны лӕгты цӕстытӕ кӕд Уый нӕ бакуырм кӕны, уӕд чи?
Дунедарӕг ныннӕрыди уӕлӕрвты, Иууылбӕрзонды хъӕлӕс ныййазӕлыд — ихуард ӕмӕ зынджы стъӕлфӕнтӕ.
Давиды псалом. Зӕрдыл дарынӕн.
Ӕнусон хӕлддзӕгтӕм ӕркӕс: ныддӕрӕн кодтой знӕгтӕ Кувӕндон.
О Дунедарӕг, Ды дӕ раст Хуыцау, ӕмӕ Дӕумӕ хӕссын мӕ хъаст! Ӕз Демӕ дзурдзынӕн рӕстдзинадыл! Ӕнӕхуыцӕуттӕ ӕнтыстджын цӕмӕн сты, мӕнгардтӕ — амондджын?
Маргъӕй йедзаг къалатийау сӕ хӕдзӕрттӕ байдзаг сты мӕнгдзинадӕй, скадджын ӕмӕ схъӕздыг сты.
Снард сты, сӕ буӕрттӕ фыр нӕрдӕй ӕрттивынц, сӕ фыдракӕндтӕн кӕрон нал ис. Сидзӕрты хъаст сӕхи пайдайӕн ӕвзарынц, раст тӕрхон нӕ кӕнынц, нӕ хъахъхъӕнынц мӕгуырты бартӕ.
Зилгӕ уадау сӕ фӕндагыл алцы ныссӕрфынц, ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕнынц. Сӕ хъару — сӕ хуыцау.