5 Амондджын чи у — ӕнамонддзинадыл худы, йӕ къӕхтыл фидар чи нӕ лӕууы, уыдонӕн цӕттӕгонд у, зӕгъгӕ.
Мӕ хӕлӕрттӕ мыл сӕхи худӕгӕй хӕссынц, Хуыцау, дам ын мӕнӕ цы дзуапп радта — ӕнӕкъӕм рӕстуд сын хъазӕнхъул сси!
Абырджыты хӕдзӕрттӕ цӕрӕг сты, Хуыцауы чи мӕсты кӕны, уыдон ӕдас сты, цыма Хуыцау сӕ къухы ис, уыйау.
Сымах мӕ бынаты куы уаиккат, уӕд ӕз дӕр ахӕм ныхӕстӕ кӕнин; дзурин уӕ ныхмӕ, мӕ сӕр-иу, уайдзӕфгӕнгӕ, банкъусин.
Ӕнаккагыл йӕ бон баталынг уыдзӕн, йӕ арт ахуысдзӕн.
Искуыдӕр ма хъӕддаг хӕрӕг хизгӕ-хизын фӕуасы? Искуыдӕр ма гал йӕ кӕвдӕсы раз богътӕ фӕкӕны?
Ӕрбалвӕстой мӕ мӕлӕты рӕхыстӕ, ныккалдысты мыл фыдӕхы гуылфӕнтӕ,
Рӕстгӕнджыты рухс хъӕлдзӕгӕй судзы, фыдгӕнджыты цырагъ та мынӕг кӕны.
Йӕ фыд ӕмӕ йӕ мады чи ’лгъиты, уымӕн саудалынджы йӕ царды рухс ахуысдзӕн.
Сыстаут Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, цалынмӕ Уый нӕ баталынг кодта дуне ӕмӕ саудалынджы нӕ фӕкалдыстут, уӕдмӕ. Рухсмӕ ’нхъӕлмӕ кӕсдзыстут, фӕлӕ йӕ Уый тар ӕмӕ саудалынг фестын кӕндзӕн.
Ӕнӕзонд чызджытӕ зондджынтӕм бадзырдтой: „Авӕрут-ма нын уӕ сойӕ, науӕд нӕ цырӕгътӕ фӕхуыссынц“.
Уӕд зӕгъдзынӕн мӕхицӕн: мӕнӕйуый, бирӕ азты фаг дӕм ис мулк. Цӕр ныр ӕнцад-ӕнцойӕ, хӕр, нуаз ӕмӕ рай дӕ цардӕй“.
Мӕ бар уадзут маст исын, аккаг сын фӕуыдзынӕн Ӕз, иу афон фӕцуддзысты. Сӕ кӕрон ӕрхӕццӕ ис, рӕхджы сӕ баййафдзӕни сӕ адзал“.