Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Иовы чиныг 12:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Мӕ хӕлӕрттӕ мыл сӕхи худӕгӕй хӕссынц, Хуыцау, дам ын мӕнӕ цы дзуапп радта — ӕнӕкъӕм рӕстуд сын хъазӕнхъул сси!

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Иовы чиныг 12:4
26 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Дӕ дзӕгъӕлдзырдмӕ дын хъуамӕ хъусӕй лӕууӕм, куы нӕ хъазай, уӕд дын макӕ мачи зӕгъа?


Амондджын чи у — ӕнамонддзинадыл худы, йӕ къӕхтыл фидар чи нӕ лӕууы, уыдонӕн цӕттӕгонд у, зӕгъгӕ.


Ӕз мӕ сӕрыл мӕхӕдӕг рахӕцдзынӕн, уымӕн ӕмӕ, раст дӕн, уый зонын.


Сӕ дзыхтӕ мӕм ныххӕлиу кодтой, мӕстӕй мӕ марынц, мӕ рустӕ мын цӕвынц.


Мӕ хӕлӕрттӕ мыл худынц, фӕлӕ мӕ цӕссыг Хуыцауы раз калын.


Мӕ сӕр адӕмӕн хъазинаг фӕци, хынджылӕгӕн та зын у фӕразын.


Хуыцау мӕ адӕмы дзыхы бафтыдта, ӕмӕ мын мӕ цӕсгомыл тутӕ кӕнынц.


Бабыхсут, цалынмӕ дзурон, уӕдмӕ, дзырд куы фӕуон, уӕд-иу мыл худут.


Ныр та мыл мӕхицӕй кӕстӕртӕ худынц, мӕ фыййау куыйтӕм дӕр хӕстӕг кӕй нӕ бауагътаин, уыдон:


Ӕмӕ ма суанг уыдонӕн дӕр ӕз фӕндырты цӕгъдинаг фӕдӕн.


Искуы ма Иовы хуызӕн адӕймаг ис, хынджылӕг ӕмӕ джидзӕг кӕнын дон нуазынӕй уӕлдай кӕмӕн нӕу?


Уӕхи ӕрӕмбарут, фыддзинад ма ’руадзут, ӕрбайхъусут, ме ’рдыгӕй ис рӕстдзинад!


Сыгъдӕг дӕн, фӕлӕ уый цы хъауджыдӕр у, мӕ цард мын куы сӕнад ис, уӕд?


зӕры бонты дӕр дыргъджын, донджын ӕмӕ райдзастхуыз уыдзысты,


Дунедарӕгӕй чи тӕрсы, уый раст фӕндагыл цӕуы; Дунедарӕгыл ӕлгъ чи кӕны, уый цӕуы галиу фӕндӕгтыл.


О Дунедарӕг, асайдтай мӕ ӕмӕ сайд дӕн. Фӕуӕлахиз мыл дӕ, уымӕн ӕмӕ Ды тыхджындӕр дӕ. Хъазинаг сдӕн ӕрвылбон, алкӕмӕн — хынджылӕггаг!


балӕгъстӕ Мын кӕн, ӕмӕ дын Ӕз дзуапп ратдзынӕн, цы нӕ зоныс ӕмӕ адӕймаджы зонд цӕмӕ не ’ххӕссы, уыцы диссӕгтӕ дын фенын кӕндзынӕн.


Ӕз та мӕ зӕрдӕ Дунедарӕгыл дардзынӕн, Хуыцау мӕ кӕй фервӕзын кӕндзӕн, уымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсдзынӕн, мӕ Хуыцау мӕ фехъусдзӕн.


Сбыдтой сындзын кады худ ӕмӕ Йын ӕй ӕркодтой Йӕ сӕрыл, Йӕ рахиз къухмӕ та Йын радтой лӕдзӕг. Сӕ зонгуытыл ӕрлӕууыдысты Йӕ разы ӕмӕ Йӕ мӕстӕй мардтой: «Ӕгас цӕуӕд иудейаг Паддзах!»


уӕд загъта: «Ацӕут ардыгӕй; чызг мард нӕу, фынӕй у». Ӕмӕ Йыл худтысты.


Ӕмӕ Йыл худтысты. Фӕлӕ Йесо се ’ппӕты дӕр ӕддӕмӕ рарвыста, Йӕхӕдӕг чызджы фыд, мад ӕмӕ Йе ’мбӕлццӕттимӕ сывӕллоны уатмӕ бацыди.


Ӕппӕт уыдӕттӕ хъуыстой ӕхцауарзаг фарисейтӕ ӕмӕ Йыл худтысты.


Мӕрдты райгасы тыххӕй куы фехъуыстой, уӕд иутӕ райдыдтой худын, иннӕтӕ та дзырдтой: «Уый тыххӕй дӕм ӕндӕр хатт байхъусдзыстӕм».


Аннӕтӕй та кодтой хынджылӕг ӕмӕ сӕ надтой ехсӕй, бастой сӕ рӕхыстӕй ӕмӕ сӕ ахӕстӕтты ӕппӕрстой.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ