Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Иовы чиныг 12:24 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

24 Адӕмты бардартӕн байсы сӕ зонд, ӕдзӕрӕг быдыры, фӕндаг кӕм нӕй, уым сӕ схӕтӕнхуаг кӕны,

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Иовы чиныг 12:24
12 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Мӕлгъӕвзаджы ӕгомыг скӕны, зӕрондӕн йӕ сӕрызонд баталынг кӕны.


Ды сын нытталынг кодтай сӕ зонд ӕмӕ сӕ бӕрзонд бынаты нӕ сӕвӕрдзынӕ.


Ӕппӕт адӕмтӕн Дӕ стаудзынӕн, о Дунедарӕг, зардзынӕн Дын алы знӕмты ’хсӕн!


Уый Ды нӕ уыдзынӕ, нӕ Хуыцау? Де ’ргом нӕ куы аздӕхтай, не ’фсадимӕ хӕстмӕ куынӕуал цӕуыс!


Рагуац Мысыры тыххӕй. Дунедарӕг рог ӕврагъыл ӕртӕхдзӕни Мысырмӕ. Ӕмризӕджы нырриздзысты Йӕ цуры Мысыры мӕнгхуыцӕуттӕ, ӕмӕ Мысырӕн асӕтдзӕни йӕ ныфс.


Ӕрмӕстдӕр ын йӕ бындзӕфхад зӕххы, быдыры кӕрдӕджы астӕу ныууадзут — ӕфсӕн ӕмӕ ӕрхуы рӕхысты. Йӕхи ӕхсӕд ӕрвон ӕртӕхӕй, цӕрӕд сырдтимӕ, адӕймаджы сӕрызондӕй ӕнӕхай фӕуӕд,


сырды сӕрызонд ын лӕвӕрд ӕрцӕуӕд.


Белтешацар кӕй хуыдтой, уыцы Даниил иу цасдӕр фыр дисӕй ницыуал сдзырдта. Фыр тӕссӕй хъуыдыты аныгъуылди. Уӕд ын паддзах загъта: „Белтешацар! Мӕ фын цӕмӕфӕнды рацӕуӕд, тӕрсгӕ ма кӕн“. Белтешацар ын дзуапп радта: „Мӕ хицау! Ахӕм фын дӕ фыдгултӕ фенӕнт, ӕмӕ уыцы фыдбылызтӕ уыдоныл ӕрцӕуӕнт.


Мӕ зонд мӕхимӕ куы ’рцыди, уӕд мӕм мӕ раздӕры кад ӕмӕ хъомыс дӕр раздӕхтысты, фӕстӕмӕ сдӕн хъомысджын ӕмӕ номдзыд паддзах. Мӕ уынаффӕйы лӕгтӕ ӕмӕ мӕ ме ’лдӕрттӕ ногӕй сӕ паддзахыл банымадтой. Фӕстӕмӕ ӕрфидар дӕн мӕ паддзахады ӕмӕ ноджы хъомысджындӕр сдӕн.


Ефрем ӕдылы ӕхсинӕгӕй уӕлдай нӕу: куы Мысырмӕ сиды, куы та Ассиримӕ фӕцӕйцӕуы.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ