Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Иовы чиныг 12:21 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

21 Уӕздӕтты сӕгад кӕны, хъаруджынты тых скадавар кӕны.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Иовы чиныг 12:21
25 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

„Ӕз федтон, знон Навоты ӕмӕ йӕ фыртты куыд амардтой, уый ӕмӕ сын сӕ туг райсдзынӕн ацы зӕххы хайыл“. Гъемӕ йӕ рахӕсс ӕмӕ йӕ баппар уыцы зӕххы хайыл, ӕмӕ Дунедарӕджы дзырд сӕххӕст уыдзӕн».


Паддзӕхтӕн сӕ рон раппары ӕмӕ сын астӕубосӕй сӕ синтӕ алвасы.


йӕ сыгъзӕринтӕн ныккӕнӕн кӕмӕн нӕ уыд, йӕ хӕдзар ӕвзистӕй чи байдзаг кодта, уыцы бонджын ӕлдӕрттимӕ.


Ӕдых, ӕнӕбон мӕ скодта Хуыцау, ӕмӕ сӕ бӕттӕнтӕ райхӕлдтой.


Фӕлӕ Уый бардартӕн цурон митӕ нӕ кӕны, Уый хъӕздыг лӕджы мӕгуырӕй уӕлдӕр не ’вӕры, уымӕн ӕмӕ се ’ппӕтӕн дӕр се Скӕнӕг у Уый.


Ӕмӕ сын Моисей куыд загъта, афтӕ, сӕ хӕринагӕй ма цы баззад, уымӕй дыккаг бонмӕ ныууагътой, ӕмӕ сын нӕ сысмаг ис ӕмӕ не скӕлм ис.


Куынӕ сӕ ауадзай, уӕд дын дӕ бӕстӕ ӕгасӕй дӕр галхӕфсыты бын фӕкӕндзынӕн.


Рӕстдзинад суыдзӕни Йӕ рон, иузӕрдиондзинад ӕрбабӕтдзӕни Йӕ синтыл.


скӕндзынӕн ыл дӕ кадджын дарӕс, бабӕтдзынӕн ыл дӕ рон ӕмӕ йӕ дӕ бӕсты паддзахы барджынӕй сӕвӕрдзынӕн. Уый Йерусалимы цӕрджытӕ ӕмӕ ӕппӕт иудейӕгтӕн суыдзӕни сӕ фыд.


Ахӕм уынаффӕ рахаста Уӕларвӕфсады Бардарӕг! Уый фегад кодта сӕрбӕрзонд ӕмӕ цытуарзаг чи у, уыдоны, ӕрныллӕг кодта номджын ӕлдӕртты.


Йӕ хуыцау Нисрохы кувӕндоны кувгӕ куыд кодта, афтӕмӕй йӕ кардӕй амардтой йӕ фырттӕ Адрамелех ӕмӕ Сарецер ӕмӕ алыгъдысты Арараты бӕстӕм. Йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Есар-Хаддон.


Зӕххон барджынтӕ ӕмӕ тӕрхонгӕнджытӕ Йӕ цуры ницы сты, ӕмӕ сӕ бабын кӕндзӕн.


Дунедарӕг зӕгъы Йӕ байсӕрст Кирӕн: «Ӕз дын дӕ рахиз къухыл фидар хӕцдзынӕн. Дӕ дӕлбар дын бакӕндзынӕн адӕмты, паддзӕхтӕн байсдзынӕн сӕ хъомыс ӕмӕ-иу дын байгом кӕндзынӕн алы дуар, алы кулдуар.


Уыдон нӕдӕр фӕлмӕцгӕ бакӕндзысты, нӕдӕр сӕ удтӕ рафтдзысты, нӕдӕр сӕ хуыссӕг ӕрцахсдзӕн. Уыдзысты ронбаст, сӕ дзабыры бостӕ дӕр нӕ райхӕлдзысты.


Ӕз уыцы бӕстӕйы хицауы йе ’ппӕт ӕлдӕрттимӕ фесафдзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг.


Ӕмӕ йӕ уайтӕккӕ Хуыцауы зӕд ӕрцавта, ӕцӕг Хуыцауӕн кад скӕныны бӕсты йӕхи хуыцау схонын кӕй бауагъта, уый тыххӕй; къуыдыргӕлмытӕ йӕ бахордтой ӕмӕ йӕ уд систа.


Ӕппынфӕстаг, ме ’фсымӕртӕ, удвидар кӕнут Бардарӕгимӕ, Йӕ хъомыс ӕмӕ Йӕ хъаруйы фӕрцы.


Уӕдӕ фидар лӕуут, уӕ астӕутӕ ӕрбалвасут ӕцӕгадӕй, уӕ уӕлӕ скӕнут рӕстады згъӕрхӕдон.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ