20 Мӕлгъӕвзаджы ӕгомыг скӕны, зӕрондӕн йӕ сӕрызонд баталынг кӕны.
Адӕмты бардартӕн байсы сӕ зонд, ӕдзӕрӕг быдыры, фӕндаг кӕм нӕй, уым сӕ схӕтӕнхуаг кӕны,
Ды сын нытталынг кодтай сӕ зонд ӕмӕ сӕ бӕрзонд бынаты нӕ сӕвӕрдзынӕ.
Зонд кӕстӕр ӕмӕ хистӕрӕй нӕу, хъуыддаг раст ӕрмӕстдӕр карджын нӕ равзары.
Уымӕн ӕмӕ хъуыды нӕ кӕны, Хуыцау ын зонд нӕ радта.
Рӕстуды ныхӕстӕ бирӕты хъахъхъӕнынц, зондцухты та се ’дылы зонд фесафы.
Раст ныхӕстӕ баззайдзысты ӕнусмӕ, мӕнг ныхас — ӕрмӕстдӕр иу уысммӕ.
Мӕнг ӕвзаг Дунедарӕгӕн ӕлгъаг у, цӕсгомджынӕй чи цӕры, уый Йын — ӕхцон.