16 Хъомыс дӕр ӕмӕ уӕлзонд дӕр Уымӕ сты, сайӕг дӕр ӕмӕ сайд кӕуыл ӕрцыд — дыууӕ дӕр Йӕ бар сты.
Уӕлзонд дӕр, хъомыс дӕр Уымӕ ис, уынаффӕ дӕр ӕмӕ амонгӕ дӕр Уый кӕны.
Уӕ сайӕн ныхӕстӕ Хуыцауы кӕм хъӕуынц, ау, Уый сӕраппонд сайгӕ кӕндзыстут?
Куы уӕ бафӕлвара, уӕд та цы фӕуыдзыстут? Адӕймаджы куыд асайут, афтӕ Йӕ афӕливдзыстут?
Фӕлӕ адӕймагӕн йӕ мидӕг ис царды комулӕфт, уд, Ӕппӕтхъомысы комулӕфт ӕй схайджын кӕны зондӕй!
Адӕймаджы уӕлзондӕй Дунедарӕг схайджын кӕны, зонд ӕмӕ зонынад Уый дзыхӕй рацӕуынц.
Афтӕмӕй куырыхон у Уый: фыдбылыз ӕруадздзӕн ӕмӕ Йӕ фӕнд нӕ аивдзӕн. Уый сыстдзӕни ӕнӕхуыцӕутты, фыдгӕнджытӕн ӕххуыс чи куры, уыдоны ныхмӕ.
Пехуымпар сайды куы фӕуа, ӕмӕ йын цыма Ӕз, Дунедарӕг, афтӕ бацамыдтон, уыйау уыцы адӕймагӕн исты куы зӕгъа, уӕд пехуымпармӕ дӕр Мӕ къух сисдзынӕн, Мӕ адӕмы, Израилы ’хсӕнӕй йӕ фесафдзынӕн.
«Хуыцауы ном арфӕгонд уӕд мыггагмӕ! Уымӕ ис хъару ӕмӕ уӕлзонд!
Ма нӕ бафтау фыдӕвзарӕны, фӕлӕ нӕ бахиз сайтанӕй. Уымӕн ӕмӕ Паддзахад, тых ӕмӕ кад Дӕу сты мыггагмӕ. Аммен.