15 Дӕттӕ куы баурома, уӕд бӕстӕ бахус уыдзӕн, куы сӕ рауадза — зӕхх доны бын фӕуыдзӕн.
Ӕмӕ Хуыцау загъта Нойӕн: «Зӕххыл чидӕриддӕр цӕры, уыдоны хъуамӕ фесафон: сӕ фыдмитӕй йӕ байдзаг кодтой. Бабын сӕ кӕндзынӕн зӕххимӕ иумӕ.
Ӕз зӕххыл рауадздзынӕн доныхъаймӕт, ӕмӕ арвы бын царды комулӕфт кӕмӕдӕриддӕр ис, уыдоны се ’ппӕты дӕр фесафдзынӕн, зӕххон цӕрджытӕ бабын уыдзысты иууылдӕр.
Нойӕн йӕ царды ӕхсӕзсӕдӕ фыццӕгӕм азы дыккаг мӕй куы ралӕууыди, уӕд, ӕвддӕсӕм бон, стыдтой дӕлзӕхх доны ӕппӕт гуырӕнтӕ, фегом сты арвы дуӕрттӕ,
Фӕлӕ Хуыцау нӕ ферох кодта Нойы, стӕй, йемӕ науы чи уыд, ӕппӕт уыцы сырдтӕ ӕмӕ фосы — зӕххыл рауагъта дымгӕ, ӕмӕ дон сысын байдыдта.
Галаадмӕ балидзӕг адӕмӕй иу лӕг, тишбийаг Илийа, Ахавӕн загъта: «Сомы дын кӕнын Дунедарӕгӕй, Израилы Хуыцауӕй, лӕггад Кӕмӕн кӕнын, Уымӕй: къорд азы дӕргъы нӕ уыдзӕни нӕдӕр къӕвда, нӕдӕр ӕртӕх, цалынмӕ ӕз нӕ зӕгъон, уӕдмӕ».
Цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ Кериты къада бахуыскъ, уымӕн ӕмӕ къӕвдатӕ нал уарыд.
Алы цӕрӕг уд дӕр, алы адӕймаджы царды комулӕфт дӕр Йӕ къухы ис.
Дымгӕтӕн хъару куы лӕвӕрдта, дӕттӕн сӕ бӕрц куы снысан кодта,
Ау, адӕмты гуымирытӕн сӕ бон къӕвда раттын у? Ау, арв нын йӕхӕдӕг ратдзӕн къӕвда? Нӕ Дунедарӕг ӕмӕ нӕ Хуыцау Ды нӕ дӕ? Дӕуыл дарӕм нӕ зӕрдӕ, уымӕн ӕмӕ ӕппӕт уыдӕттӕ Ды аразыс.
Авд хойы стъалыгуппар ӕмӕ Орион Чи сфӕлдыста? Талынг райдзаст райсом Чи фестын кӕны, бон та — тар ӕхсӕв? Чи фӕсиды денджызы уылӕнтӕм ӕмӕ сӕ зӕххы цъарыл Чи акалы? Дунедарӕг — Йӕ ном!
Денджызмӕ куы бартхъирӕн кӕна, уӕд бахус уыдзӕн, цӕугӕдӕттӕ байсысдзысты, Башан ӕмӕ Кармелы сӕрвӕттӕ бахус уыдзысты, баруайдзӕн Ливаны рӕсугъддзинад.
Ӕцӕг уын зӕгъын, ӕцӕг: Илийайы заманы бирӕ идӕдз сылгоймӕгтӕ уыдис Израилы. Уӕд арвӕй ӕртӕ азы ӕмӕ ӕхсӕз мӕйы дӕргъы къӕвдайы ӕртах не ’рхауд, ӕмӕ ӕппӕт бӕстӕйы дӕр стонг рӕстӕг скодта.
Науӕд уӕм Дунедарӕджы маст ссудздзӕн, ӕмӕ уӕлӕрвтӕ гуыдырӕвӕрд скӕндзӕни, къӕвдайы ӕртах нал ӕруадздзӕни. Зӕхх тыллӕг нал ратдзӕн, ӕмӕ тагъд рӕстӕджы цагъды фӕуыдзыстут, Дунедарӕг уын кӕй дӕтты, уыцы алӕмӕты бӕстӕйы.
Уыдонӕн ис лӕвӕрд арвы дуӕрттӕ сӕхгӕныны бар, цӕмӕй сӕ пехуымпариуӕджы рӕстӕг къӕвда ма уа. Куы сӕ бафӕнда, уӕд сӕм ис дӕттӕ туг фестын кӕныны ӕмӕ зӕххыл алы рын бафтауыны тых.