Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Иовы чиныг 12:14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

14 Уый цы фехала — ничиуал ӕй сараздзӕн, ахӕстоны кӕй бакӕна, уый уырдыгӕй нал рацӕудзӕн.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Иовы чиныг 12:14
19 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Цӕрӕгойтӕн сӕ алы мыггагӕй дӕр бахызти нӕлтӕ ӕмӕ сылтӕ — Хуыцау Нойӕн куыд бафӕдзӕхста, афтӕ. Ӕмӕ Дунедарӕг дуар сӕхгӕдта Нойы фӕдыл.


Кӕмӕ фӕкомкоммӕ уа ӕмӕ ахӕстоны кӕй бакӕна, уымӕн цы йӕ бон у?


Ӕнӕхуыцӕутты амӕттаг мӕ бакодта Хуыцау, ӕнаккӕгты къухтӕм мӕ радта.


Алырдыгӕй дӕр мӕ ныззыгуым кодта, ӕмӕ сӕфын, мӕ ныфс мын бӕласау йӕ бындзарӕй срӕдывта.


Алкӕй къухыл — Йӕ нысан, цӕмӕй Йын алчи Йӕ хъуыддӕгтӕ зона.


Акӕс-ма Хуыцауы хъуыддӕгтӕм: Хуыцау цы ныззылын кодта, уый чи сраст кӕндзӕн?


Вавилон фестын кӕндзынӕн уызынты бӕстӕ ӕмӕ цъымара, рамӕрздзынӕн ӕй куынӕггӕнӕг уисойӕ», — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг.


Давиды галуаны дӕгъӕлтӕ йын бакӕндзынӕн йӕ къухы, ӕмӕ галуаны дуарӕн йӕ бакӕнын дӕр, стӕй йӕ рахгӕнын дӕр ӕрмӕст Елиакимы бар уыдзӕн.


Дӕ фӕндӕй сахар дурты цӕнд фестад, бырухгӕд сахар — хӕлддзӕгтӕ; ӕнӕхуыцӕуттӕ нал ис сахары, хӕлддзӕгты бынӕй нал сыстдзӕн мыггагмӕ.


Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: «Вавилонӕн йӕ фӕтӕн систӕ зӕххимӕ сиу кӕндзысты, йӕ бӕрзонд кулдуӕрттӕ йын басудздзысты. Адӕмтӕ дзӕгъӕлы фӕкуыстой ӕмӕ сӕхи удхарӕй дзӕгъӕлы фӕмардтой, уымӕн ӕмӕ алцыдӕр сыгъд ӕрцӕудзӕн».


Уый фӕстӕ-иу зӕгъ: „Вавилон дӕр раст афтӕ аныгъуылдзӕн. Ӕз ын цы бӕллӕхтӕ бавзарын кӕндзынӕн, уыдоны фӕстӕ нал схӕцдзӕн йӕхиуыл, йӕ хъару фесӕфдзӕн“». Ацы ран пехуымпар Йеремиайы ныхӕстӕ фесты.


Айнӕг къӕдзӕх дӕ фестын кӕндзынӕн, кӕфахсӕн хызтӕ хусгӕнӕн бынат суыдзынӕ ӕмӕ ногӕй арӕзт никуыуал ӕрцӕудзынӕ, уымӕн ӕмӕ афтӕ загътон Ӕз, Дунедарӕг, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау».


Едомӕгтӕ зӕгъдзысты: «Ныддӕрӕн нӕ кодтой, нӕ хӕлддзӕгтӕ ногӕй рацаразӕм». Фӕлӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: — Уыдон сараздзысты, Ӕз та сӕ ногӕй ныппырх кӕндзынӕн; схондзысты сӕ ӕлгъыст бӕстӕ, Дунедарӕг мыггагмӕ кӕй ралгъыста, ахӕм адӕм.


Уымӕн ӕмӕ Хуыцау ӕппӕт адӕмы хивӕнддзинадӕн уацайрӕгтӕ скодта, цӕмӕй ныббара се ’ппӕтӕн дӕр.


Филадельфийы аргъуаны зӕдмӕ дӕр ныффысс: „Сыгъдӕг ӕмӕ Ӕцӕг Чи у, Давиды дӕгъӕл Кӕмӕ ис, сӕхгӕнӕн ӕй куыд нӕ уа, афтӕ дуар Чи байгом кӕны ӕмӕ, байгом кӕнӕн ын куыд нӕ уа, афтӕ йӕ Чи сӕхгӕны, Уый:


Абон дӕ Дунедарӕг мӕ къухмӕ дӕтты. Амардзынӕн дӕ, дӕ сӕр дын ракӕндзынӕн ӕмӕ дӕ мард дӕр ӕмӕ филистимаг ӕфсады мӕрдтӕ дӕр тугдзых мӕргътӕ ӕмӕ сырдтӕн ратдзынӕн. Уадз ӕмӕ ӕппӕт дуне дӕр базона, Израилӕн Хуыцау кӕй ис, уый.


Стӕй Давидӕн загъта: «Ды мӕнӕй растдӕр дӕ. Ды мын хорздзинад сарӕзтай, ӕй та дын ӕй бафыстон ӕвзӕрӕй.


Авишай загъта Давидӕн: «Абон дын Хуыцау де знаджы дӕ къухтӕм радта. Цӕй ӕмӕ йӕ арцӕй зӕхмӕ ныххуыйон, дыккаг цӕф кӕнын мӕ нӕ бахъӕудзӕни».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ