13 Уӕлзонд дӕр, хъомыс дӕр Уымӕ ис, уынаффӕ дӕр ӕмӕ амонгӕ дӕр Уый кӕны.
Уӕлзонды сусӕгтӕ — уӕлзонд бирӕвӕрсыг у — дын куы раргом кӕнид, уӕд базонис, дӕ тӕригъӕдтӕ дын Хуыцау ӕгӕр хорз дӕр ма кӕй бары, уый.
Хъомыс дӕр ӕмӕ уӕлзонд дӕр Уымӕ сты, сайӕг дӕр ӕмӕ сайд кӕуыл ӕрцыд — дыууӕ дӕр Йӕ бар сты.
Уый Йӕ хъаруйӕ сызмӕнты денджызы уылӕнтӕ, Йӕ зонды фӕрцы басӕтты Рахавы.
Хуыцау хъомысджын у ӕмӕ Йӕхи нӕ атигъ кӕндзӕн, фидар зӕрдӕ кӕмӕн ис, ууыл.
Уӕлзонд чи бавӕрдта зӕрдӕйы, чи скодта ӕмбаргӕ зонд?
Иууылкуырыхон ӕмӕ иууылхъаруджын дӕр Йӕ ныхмӕ куыд фӕлӕудзӕн?
Урс тинтычъийау ӕрытауы мит, ӕртхутӕгау ӕрызгъалы халас.
Уынаффӕ ӕмӕ ӕнтыст мӕнмӕ сты; ӕз зонд дӕн, ӕмӕ хъару мемӕ ис.
Афтӕмӕй куырыхон у Уый: фыдбылыз ӕруадздзӕн ӕмӕ Йӕ фӕнд нӕ аивдзӕн. Уый сыстдзӕни ӕнӕхуыцӕутты, фыдгӕнджытӕн ӕххуыс чи куры, уыдоны ныхмӕ.
Исты ӕрцӕуинаг хабары тыххӕй дзӕвгар раздӕр фӕзӕгъын, ахӕм ӕмӕ ахӕм хабар ӕрцӕудзӕни, зӕгъгӕ. Ӕз кӕддӕриддӕр сӕххӕст кӕнын Мӕ фӕнд, Мӕ мидзӕрдӕйы цы фӕзӕгъын, уый.
Уый Йӕ хъомысӕй сфӕлдыста зӕхх, Йӕ уӕлзонды фӕрцы сфидар кодта дуне, ӕгӕрон зондӕй айтыгъта уӕлӕрвтӕ.
«Хуыцауы ном арфӕгонд уӕд мыггагмӕ! Уымӕ ис хъару ӕмӕ уӕлзонд!
Уымӕн ӕмӕ уын Ӕз ахӕм ӕвзаг ӕмӕ куырыхон зонд ратдзынӕн, уе знӕгтӕ ӕмбырдӕй уӕ ныхмӕ фӕлӕууын дӕр ӕмӕ уӕм сдзурын дӕр куыд нӕ бафӕразой.
«Дунедарӕджы зонд чи базыдта? Чи Йын уыди уынаффӕгӕнӕг?
Иудейӕгтӕ ӕмӕ бердзенӕгтӕй Хуыцау кӕмӕ фӕсидти, уыдонӕн та Чырысти Хуыцауы тых ӕмӕ Хуыцауы зонд у.
Чырыстийы фӕрцы махӕй Йӕхицӕн скодта бындартӕ. Афтӕ Хуыцау снысан кодта рагацау, уымӕн ӕмӕ Уый ӕппӕт дӕр аразы Йӕхи фӕндонмӕ гӕсгӕ,
ӕмӕ нын ӕй радта рӕдауӕй, цӕмӕй уӕм ӕххӕст алы уӕлзонд ӕмӕ ӕмбарынадӕй.
Уӕлзонды ӕмӕ зонынады ӕппӕт арфӕвӕрд хӕзнатӕ Чырыстимӕ сты.
Фӕлӕ уӕ кӕд искӕмӕн йӕ зонд фаг не ’ххӕссы, уӕд алкӕмӕн дӕр рӕдауӕй ӕмӕ ӕнӕ уайдзӕфӕй дӕттӕг Хуыцауӕй ракурӕд, — ӕмӕ йын ратдзӕн.