12 Зӕронд куырыхон у, бирӕ азтӕ зондыл ӕфтауынц.
уӕд паддзах Роховам бафарста, йӕ фыд Соломонӕн йӕ заманы чи лӕггад кодта, уыцы фӕлтӕрдджын хистӕрты: «Исты-ма мын зӕгъут! Цы дзуапп раттон ацы адӕмӕн?»
не ’хсӕн урссӕр зӕрӕдтӕ дӕр куы ис, дӕ фыдӕй дӕр зӕронддӕртӕ?
Елигу, Барахелы фырт, Бузийы байзӕддаг, загъта: «Ӕвзонг дӕн ӕз, сымах та стут зӕронд, ӕмӕ ӕфсӕрмӕй мӕ хъуыды ӕз нӕ загътон раздӕр.
Дзырдтон мӕхицӕн: хистӕртӕ уал дзурӕнт, кардзыд адӕм ахуыр кӕнӕнт уӕлзондыл.
Бафӕрс-ма хистӕрты, сӕ фыдӕлтӕн цы раргом ис, уый базон.