9 Зӕххӕй ӕгӕрондӕр, фурдӕй фӕтӕндӕр у Уый.
Кӕмӕ фӕкомкоммӕ уа ӕмӕ ахӕстоны кӕй бакӕна, уымӕн цы йӕ бон у?
Уый арвӕй уӕлдӕр у. Куыд ӕм сӕххӕсдзынӕ? Мӕрдтыбӕстӕй арфдӕр у. Куыд ӕй базондзынӕ?
Ӕз та дын уый зӕгъын, ӕмӕ раст нӕ дӕ: ӕнӕмӕнг, Хуыцау адӕймагӕй уӕлдӕр у!
Ӕз цы дӕн, цӕмӕй дын Дӕ фӕнд фауон, зонгӕ куы ницы кӕнын, уӕд? Цы не ’мбарын, уыдӕтты кой кодтон, мӕ зонд кӕй нӕ ахсы, уыцы диссӕгтыл дзырдтон.