7 Хуыцауы ды куыд хъуамӕ раиртасай, Ӕппӕтхъомысы ӕххӕстӕй куыд хъуамӕ бамбарай?
Ау, Хуыцау арвӕй уӕлдӕр нӕу? Скӕс-ма стъалытӕм, куыд бӕрзонд сты, уымӕ!
Уый ӕрмӕст — Йӕ хъуыддӕгты чысыл хай, куыд гыццыл фехъуыстам Уый тыххӕй! Уӕдӕ Йын Йӕ хъомысы нӕрын та кӕй зонд ӕрцахсдзӕн?»
Хуыцауы къух цы у, уый уын ӕз бацамондзынӕн, Ӕппӕтхъомысы тыххӕй уӕ ницы басусӕг кӕндзынӕн.
Ӕз та дын уый зӕгъын, ӕмӕ раст нӕ дӕ: ӕнӕмӕнг, Хуыцау адӕймагӕй уӕлдӕр у!
Цы быцӕу кӕныс Йемӕ, мӕ фарстӕн мын дзуапп нӕ дӕтты, зӕгъгӕ?
арвмӕ скӕс ӕмӕ фен — мигътӕ дӕуӕй цас бӕрзонддӕр сты!
Стыр Хуыцауы махӕн нӕ бон базонын нӕу, Йӕ азты нымӕцӕн банымайӕн нӕй.
Ӕппӕтхъомысыл не ’ххӕссы нӕ зонд. Йӕ хъомысӕй, Йӕ раст тӕрхонӕй цытджын у. Йӕ рӕстад у ӕгӕрон, Уый никӕй ӕфхӕры.
Дисы ӕфтауы Хуыцауы хъӕлӕс, зонд нӕ ахсы Йе стыр хъуыддӕгтӕ.
Ӕз цы дӕн, цӕмӕй дын Дӕ фӕнд фауон, зонгӕ куы ницы кӕнын, уӕд? Цы не ’мбарын, уыдӕтты кой кодтон, мӕ зонд кӕй нӕ ахсы, уыцы диссӕгтыл дзырдтон.
Уымӕн Йӕ хъуыддӕгтӕ сты ӕгӕрон, зонд сӕ нӕ ахсы, Йӕ диссӕгтӕн кӕрон дӕр нӕй.
Хъалтӕ мын мӕ развӕндагыл сӕвӕрдтой къӕппӕджытӕ, ахсӕн хызтӕ ӕрытыдтой.
Уӕ зӕрдӕ ма дарут нӕдӕр хицӕуттыл, нӕдӕр адӕймагыл — уый уын ирвӕзындзинад не ’рхӕсдзӕн.
Хуыцауы ныхмӕ ахӕм ныхӕстӕ дзырдтой: «Хуыцауӕн ӕдзӕрӕг быдыры фынг сӕвӕрын Йӕ бон суыдзӕн?
Чи ссыди уӕларвмӕ ӕмӕ фӕстӕмӕ чи ’рцыди? Чи баурӕдта дымгӕ йӕ армы? Уӕлӕфтауы мидӕг дон чи батыхта? Зӕххӕн арӕнтӕ чи скодта? Куыд у йӕ ном? Куыд у йӕ фырты ном? Зоныс ӕй ды?
Алцыдӕр хорз йӕ афоныл у, Хуыцауӕн фӕндон куыд у, уымӕ гӕсгӕ. Хуыцау адӕмӕн сӕ зӕрдӕты бавӕрдта ӕнусон дуне ӕмбарыны зонд, фӕлӕ Йын Йӕ хъуыддӕгтӕ кӕронмӕ бамбарын адӕймаджы бон нӕу.
Цы уыди, уыдон тынг дард сты, дард ӕмӕ арф! Цы нысан кӕнынц, уый чи базондзӕн?
Ау, ницы зонут? Нӕ фехъуыстат, ӕнӕмӕлгӕ Дунедарӕг — Дунедарӕг Хуыцау — фӕллайгӕ ӕмӕ фӕлмӕцгӕ кӕй нӕ кӕны, уый?
Мӕ Фыдӕй Мын лӕвӕрд у ӕппӕт дӕр, ӕмӕ Фыды йеддӕмӕ Фырты ничи зоны, стӕй Фыды дӕр ничи зоны — зоны Йӕ ӕрмӕстдӕр Фырт ӕмӕ, Уый Йӕ Фыды раргом кӕнын кӕмӕн фӕнды, уыдон.
Куыд ӕвидигӕ сты Хуыцауы хъӕздыгад, уӕлзонд ӕмӕ зонындзинӕдтӕ! Кӕй зонд аххӕсдзӕн Йӕ уынаффӕтыл, ӕмӕ Йын чи раиртасдзӕн Йӕ хъуыддӕгтӕ!
Махӕн та йӕ Хуыцау раргом кодта Уды руаджы; Уд та ӕххӕссы алцӕмӕ дӕр, суанг Хуыцауы уӕлзонды арфмӕ дӕр.
Уымӕн ӕмӕ «Дунедарӕджы зонд афтӕ чи базыдта, ӕмӕ Йын уынаффӕгӕнӕг уа?» Махмӕ та Чырыстийы зонд ис.
Мӕнӕн, сыгъдӕджыты тӕккӕ ницӕйагдӕрӕн, рардӕуыди уыцы хорзӕх — муртаттӕгтӕм Чырыстийы ӕгӕрон хъӕздыгдзинады Фарны Уац фӕхӕццӕ кӕнын,