5 Исты Дӕ бонтӕ адӕймаджы бонтау сты, Дӕ азтӕ — адӕймаджы азтау?
Аххос мӕм цы агурыс, тӕригъӕд мӕм ссарыныл цы архайыс?
Стыр Хуыцауы махӕн нӕ бон базонын нӕу, Йӕ азты нымӕцӕн банымайӕн нӕй.
Скӕсӕн ныгуылӕнӕй цас дард у, уыйас махӕй адард кодта нӕ фыдракӕндтӕ.
Стухдзынӕ сӕ ӕмӕ сӕ раивдзынӕ дарӕсау. Ды та ӕнӕивгӕ уыдзынӕ, ӕмӕ Дӕ бонтӕ никуы фӕуыдзысты».
Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, иу хъуыддаг сымахӕн хъуамӕ сусӕг ма уа: Бардарӕгӕн иу бон мин азы хуызӕн у, мин азы та — иу боны хуызӕн.