4 Исты Дын адӕймаджы цӕстытӕ ис, ӕмӕ Ды дӕр адӕймагау кӕсыс?
Уый сӕ хъахъхъӕны, се ’нцой лӕууы, сӕ фӕндӕгтӕй Йӕ цӕст нӕ исы.
Уымӕн Йӕ цӕст арвгӕронӕй дарддӕр ӕххӕссы, Уый арвы бын алцыдӕр уыны.
Уымӕн ӕмӕ Хуыцау Йӕ цӕст дары адӕмы фӕндӕгтӕм, сӕ алы къахдзӕф дӕр сын уыны.
Уый адӕймаг нӕу мӕнау, цӕмӕй Йемӕ быцӕу кӕнон ӕмӕ Йемӕ тӕрхондонмӕ ацӕуон.
Йесо сын загъта: «Адӕмы раз уӕхи рӕстгӕнджытӕй ӕвдисут, фӕлӕ уын Хуыцау уӕ зӕрдӕтӕ зоны. Уымӕн ӕмӕ, адӕммӕ кадджын цы у, уый Хуыцауы цӕсты ӕлгъаг у.
Йӕ сӕрыхъуынтӕ митау уыдысты урс-урсид, урс къуымбилы ӕнгӕс. Йӕ цӕстытӕ — пиллон артау.
Фӕлӕ Дунедарӕг Самуелӕн загъта: «Йӕ уынд ӕмӕ йын йӕ асмӕ ма кӕс, ауыл атигъ кодтон Мӕхи. Уымӕн ӕмӕ Хуыцау адӕймаджы цӕстӕй нӕ кӕсы. Адӕймаг йӕ цӕстӕй цы уыны, уымӕ кӕсы, Дунедарӕг та — зӕрдӕмӕ».