20 Ӕз бирӕ нал ахӕсдзынӕн, ныууадз мӕ, — иу чысыл уӕддӕр фӕхӕцон мӕхиуыл,
Фӕлтау мӕ мады гуыбынӕй комкоммӕ ингӕнмӕ куы бахаудаин, цыма дунейыл мӕ кой дӕр нӕ уыди, афтӕ!
Дӕ къух мӕм мауал ис ӕмӕ мын мӕ уд мауал лас Де стыр тасӕй!
Сылгоймаг кӕй ныййардта, уыцы адӕймагӕн йӕ цард цыбыр у, йӕ маст та — бирӕ.
Мах та зноныккон стӕм ӕмӕ ницы зонӕм, уымӕн ӕмӕ ӕрбайсӕфынц ӕндӕргтау нӕ царды бонтӕ зӕххыл.
Сулӕфын дӕр мӕ нӕ уадзы, мастӕй мӕ скодта мӕ хъуырмӕ.
Фыдбылызтӕ мыл ӕнӕнымӕцӕй ӕртыхстысты, мӕ тӕригъӕдтӕ мӕ баййӕфтой ӕмӕ мын сӕхгӕдтой мӕ цӕсты рухс: мӕ сӕрыхъуынтӕй фӕфылдӕр сты, мӕ ныфс фесӕфти.
Тӕхудиаг у уыцы адӕймаг, йӕ зӕрдӕ Дунедарӕгыл чи дары, сӕрыстыртӕй ӕмӕ фӕлитойтӕй йӕхи чи хизы!