2 Хуыцауӕн зӕгъдзынӕн: тӕрхон рахӕссынмӕ тагъд ма кӕн, мӕ азым уал мын бамбарын кӕн!
Мӕ тӕригъӕдтӕ, мӕ фыдракӕндтӕ бирӕ сты? Бацамон мын мӕ тӕригъӕдтӕ ӕмӕ мӕ рӕдыдтытӕ.
Ау, адӕймагмӕ у мӕ хъаст? Ӕви мӕсты кӕнын ӕнӕ исты ’фсонӕй?
Цы быцӕу кӕныс Йемӕ, мӕ фарстӕн мын дзуапп нӕ дӕтты, зӕгъгӕ?
«Дӕхи ӕрцӕттӕ кӕн дзуапп дӕттынмӕ лӕгау, Ӕз дӕ фӕрсын, ды та мын-иу дзуапп ратт:
Тӕригъӕды кӕд бацыдтӕн, уӕд дӕр Дӕуӕн цы ракодтон, о адӕмы Цӕстдарӕг? Цӕмӕн мӕ сӕвӕрдтай мысанӕн, мӕхицӕй дӕр куы стыхстӕн, уӕд?
Ӕмӕ кӕд азымджынӕй баззайдзынӕн, уӕд ма цы у мӕ фыдӕбон дӕр?
Йӕ ныхмӕ чи бахъаст кӕндзӕн ӕмӕ Йын Йӕ мин фарстӕй иуӕн дӕр дзуапп чи ратдзӕн?
Уый у мӕ уарзӕгой Хуыцау, мӕ фидар, ме ’мбӕхсӕн, мӕ ирвӕзынгӕнӕг, мӕ уарт, ӕз мӕ зӕрдӕ Ууыл дарын; мӕ адӕмы мын бакодта мӕ дӕлбар.
Стаудзынӕн дӕ хъӕрӕй, Дӕ диссаджы хабӕрттыл Дын дзурдзынӕн.
Дунедарӕг — мӕ хъару, мӕ уарт; мӕ зӕрдӕ дардтон Ууыл, ӕмӕ мын баххуыс кодта. Райы мӕ зӕрдӕ фыр цинӕй, мӕ зарӕгӕй Йӕ скадджын кӕндзынӕн.
Уӕдӕ Йесо Чырыстиимӕ чи ис, уыдонӕн тӕрхонгонд никуы уыдзӕн.