17 Ног ӕмӕ ногӕй мӕ азымджын кӕныс, Дӕ маст карзӕй-карздӕр кӕны, фыдбылызтӕ иу иннӕйы фӕдыл сыстадысты мӕ ныхмӕ.
Цӕмӕн мӕ ӕмбӕхсыс Дӕ цӕсгом, Дӕхицӕн мӕ знагыл цӕмӕн нымайыс?
Фӕлӕбурдта мӕм, мӕ ныхмӕ Йӕхӕдӕг ӕвдисӕн ныллӕууыд, мӕ азымыл мӕ лӕмӕгъдзинад дӕр дзуры.
Адӕймагӕн нывгонд у цагъары уӕззау куыст цӕрӕнбонты.
Моав йе ’взонджы бонтӕй абоны онг ӕнӕхъыгдардӕй царди, сӕн йӕ бынтыл куыд ӕрбады, уыйау. Иу ранӕй йӕ иннӕмӕ никуы сӕвгӕдтой, уацары йӕ никуы акодтой, ӕмӕ хӕрзадӕй баззад, йӕ хӕрздӕф нӕ фесӕфт.
Уыцы бон Ӕз Йерусалимыл цырагъимӕ ӕрзилдзынӕн ӕмӕ бафхӕрдзынӕн, йе ’нхъизӕныл цы сӕн ныббадти, уыйау цы адӕмтӕ бандзыг сты, уыдоны, сӕ мидзӕрдӕйы афтӕ чи зӕгъы: «Дунедарӕг нын хорзӕй дӕр ӕмӕ ӕвзӕрӕй дӕр ницы ракӕндзӕн».
Ардыгӕй дзагармӕй ацыдтӕн, фӕстӕмӕ та мӕ афтидӕй ӕрбаздӕхта Дунедарӕг. Цӕмӕн мӕ хъӕуы хонын Наоми, кӕд ӕмӕ мын Дунедарӕг хъизӕмӕрттӕ бавзарын кодта, кӕд ӕмӕ мӕ ралгъыста Ӕппӕтхъомыс».