Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Иовы чиныг 10:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

16 Мӕ мӕстытӕ къаддӕр нӕ кӕнынц. Куыддӕр мӕхиуыл хӕрдмӕ схӕцын, — домбайау мыл Дӕхи ныццӕвыс.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Иовы чиныг 10:16
11 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Цӕмӕн мӕ ӕмбӕхсыс Дӕ цӕсгом, Дӕхицӕн мӕ знагыл цӕмӕн нымайыс?


Фыр мӕстӕй мӕ ’ргӕвды, Йӕ дӕндӕгты къӕс-къӕс мӕм цӕуы; ныккастысты мӕм ме знӕгтӕ.


Уымӕн Йӕ хъуыддӕгтӕ сты ӕгӕрон, зонд сӕ нӕ ахсы, Йӕ диссӕгтӕн кӕрон дӕр нӕй.


Мӕхицӕн ныфсытӕ ӕвӕрдтон райсоммӕ, кӕд фӕдзӕбӕх уаин, зӕгъгӕ, фӕлӕ мын низ домбайау ме стӕг саста. О, бон ӕмӕ ӕхсӕв ӕнхъӕлмӕ кастӕн, кӕрон мын кӕд скӕндзынӕ, уымӕ.


Уый тыххӕй сӕм тар хъӕдӕй ӕрбабырста домбай, быдираг бирӕгъ сӕ ӕргӕвды, сӕ сахарты цур бабады фыранк: сахарӕй чидӕриддӕр рацӕуа, уый аскъуыдтӕ кӕндзысты, уымӕн ӕмӕ сӕ фыдракӕндтӕ сбирӕ сты, сӕ гадзрахатӕн кӕрон нал ис».


Тӕссаг у, цыма арс, йе та домбай йӕ амӕттаджы хъахъхъӕны!


Уымӕн ӕмӕ Ӕз домбайау Мӕхи ныццӕвдзынӕн Ефремыл, домбайы лӕппынау — Иудӕйыл, фӕлӕбурдзынӕн сӕм, аскъуыдтӕ сӕ кӕндзынӕн ӕмӕ сӕ ничи фервӕзын кӕндзӕни.


Домбай куы ныррыха, уӕд чи нӕ фӕтӕрсдзӕн? Дунедарӕг Хуыцау куы зӕгъа, уӕд пехуымпар чи не суыдзӕн?


уӕд Дунедарӕг сымахыл дӕр ӕмӕ уӕ байзӕддӕгтыл дӕр стыр бӕллӕхтӕ ӕруадздзӕн, ӕмӕ сын кӕрон нӕ уыдзӕн, уӕззау ӕмӕ, бирӕ чи хӕссы, ахӕм низтӕ уыл ӕфтаудзӕн ӕдзухдӕр.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ