Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Иовы чиныг 10:15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

15 Кӕд аххосджын дӕн, уӕд — додой мӕ къона! Кӕд мӕм азымӕй ницы ис, уӕддӕр мӕ сӕр хӕрдмӕ сисын нӕ бауӕнддзынӕн. Къӕхты бынмӕ ’рхаудтӕн, худинаджы бын фӕдӕн, мастӕй мӕ хъуырмӕ сдӕн.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Иовы чиныг 10:15
23 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Зоныс ӕй, азымджын кӕй нӕ дӕн, фӕлӕ мӕ Дӕ къухтӕй ничи фервӕзын кӕндзӕн.


Куы ахъуыды кӕнын, уӕд мӕхиуыл дӕр стыр тас бахӕцы, ӕмӕ ӕмризӕджы нырризын.


Уымӕн Йӕ разы ӕмризӕджы ризын, уыдӕттыл куы ахъуыды кӕнын, уӕд мыл тас бахӕцы.


Ме знаг ӕнӕхуыцауы хал ахӕрӕд, мӕ ныхмӕлӕууӕгыл фыдгӕнӕджы бон акӕнӕд!


Уӕхи ӕрӕмбарут, фыддзинад ма ’руадзут, ӕрбайхъусут, ме ’рдыгӕй ис рӕстдзинад!


Исты куы иса — Йӕ ныхмӕ чи фӕлӕудзӕн? Чи фӕхъӕр кӕндзӕн: „Уый цы ми кӕныс?“


Раст куы уон, уӕд дӕр лӕгъстӕйӕ дарддӕр ницы зӕгъдзынӕн мӕ Тӕрхонгӕнӕгӕн.


Ӕмӕ кӕд азымджынӕй баззайдзынӕн, уӕд ма цы у мӕ фыдӕбон дӕр?


Хъӕлдзӕгӕй, цины хъӕртимӕ сӕ фӕхонынц, Паддзахы галуанмӕ фӕхизынц.


Дунедарӕг раргом ис, стӕрхон кодта: фыдгӕнджытӕ сӕхи къӕппӕджы бахаудтой.


Дунедарӕг загъта: «Ӕз уынын Мӕ адӕмы хъизӕмар Мысыры. Хъусын, ӕххуысмӕ куыд дзыназынц, уый, — цӕстдарджытӕ сӕ ’фхӕрынц ӕнӕвгъау. Ӕз зонын, мӕ адӕмӕн сӕ хъару кӕй басаст,


Фыдгӕнӕгӕн та додой йӕ къона! Йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ йын бафыстӕуыдзӕн.


Ӕмӕ ӕз загътон: «Додойаг фӕдӕн! Ме сӕфт ӕрцыди! Уымӕн ӕмӕ ӕз дӕн, йе ’взаг кӕмӕн фӕчъизи, ахӕм адӕймаг, стӕй цӕргӕ дӕр кӕнын, се ’взаг кӕмӕн фӕчъизи, ахӕм адӕмы ’хсӕн, ӕмӕ афтӕмӕй ӕз уынын Паддзахы, Уӕларвӕфсады Бардарӕджы!»


О Дунедарӕг, ӕркӕс-ма мын мӕ хъизӕмармӕ! Мӕ зӕрдӕ фӕйнӕрдӕм тоны, ӕнцой нӕ ары мӕ уд — нӕ Дӕм хъуыстон! Мӕ хӕдзӕртты куы бабадти мӕлӕт, мӕ сабиты мын уынгты кардӕй марынц!


Ӕмӕ уӕд ногӕй фендзыстут, рӕстуд ӕмӕ тӕригъӕдджыны, Хуыцауӕн чи лӕггад кӕны ӕмӕ Йын лӕггад чи нӕ кӕны, уыдоны ’хсӕн цы хицӕндзинад ис, уый.


Афтӕ сымах дӕр — цыдӕриддӕр уын бафӕдзӕхстӕуыд, уый куы бакӕнат, уӕд-иу зӕгъут: „Мах ницӕйаг цагъартӕ стӕм — цы нын ӕмбӕлдис, уымӕй дарддӕр ницы сарӕзтам“».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ