13 Фӕлӕ мӕнӕ ис, цы сусӕг кодтай, уый, зонын дын Дӕ фӕндон.
Тӕригъӕд мын нӕ ныббардзынӕ, мӕ рӕдыд мын нӕ ныххатыр кӕндзынӕ.
Фӕлӕ чи рацӕудзӕн Йӕ уынаффӕйы ныхмӕ? Йӕхи куыд фӕнды, афтӕ кӕны.
Рахӕсдзӕн мын ӕмбӕлгӕ тӕрхон — ахӕмтӕй Йе ’вӕрӕнтӕ дзаг сты.
цӕгаты исты араза — нӕ мӕм зыны, хуссары зила — нӕ Йӕ уынын.
Ды ӕцӕгдӕр Хуыцау дӕ, цӕстӕй фенӕн Кӕмӕн нӕй, Уый, Израилы Хуыцау, Ирвӕзынгӕнӕг.
Ӕз фӕлдисын рухс дӕр ӕмӕ тар дӕр. Фарн дӕр ӕмӕ фыдбылыз дӕр Мӕнӕй рацӕуынц. Ӕз Дунедарӕг дӕн, ӕппӕт уыдӕттӕ Чи аразы, Уый.
Кӕй бон ма у ӕрмӕст зӕгъын, цӕмӕй Йӕ ныхас сӕххӕст уа? Йӕ бар нӕ цӕуы алцӕуыл?
Куыд ӕвидигӕ сты Хуыцауы хъӕздыгад, уӕлзонд ӕмӕ зонындзинӕдтӕ! Кӕй зонд аххӕсдзӕн Йӕ уынаффӕтыл, ӕмӕ Йын чи раиртасдзӕн Йӕ хъуыддӕгтӕ!
Хуыцау афтӕ бакодта, дуне сфӕлдисыны агъоммӕ цы снысан кодта, уымӕ гӕсгӕ. Ӕмӕ Йӕ фӕндон сӕххӕст кодта нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы руаджы.
Кӕсут уӕдӕ: уый Ӕз дӕн! Ӕз — Иунӕг Хуыцау! Ӕз маргӕ дӕр ӕмӕ ӕгас дӕр, цӕвгӕ дӕр ӕмӕ дзӕбӕх дӕр Мӕхӕдӕг кӕнын, ӕмӕ Мӕ къухӕй ничи никӕй фервӕзын кӕндзӕн!