7 Дунедарӕг ӕй бафарста: «Кӕцӕй ӕрбацыдтӕ?» Уый загъта: «Зӕххы цъарыл ӕрзылдтӕн, кӕрӕй-кӕронмӕ йӕ басгӕрстон».
йӕхӕдӕг йӕ хицауы раз балӕууыд. «Кӕм уыдтӕ, Гиези?» — бафарста йӕ Елисей. «Дӕ цагъар йӕ къах ардыгӕй ӕддӕмӕ нӕ авӕрдта», — дзуапп радта Гиези.
Дунедарӕг ӕй бафарста: «Кӕцӕй ӕрбацыдтӕ?» «Зӕххы цъарыл ӕрзылдтӕн, кӕрӕй-кӕронмӕ йӕ басгӕрстон», — дзуапп радта уый.
Ӕрбаввахс сты хъомысджын бӕхтӕ, зӕххыл ӕрзилынмӕ уыдысты цӕттӕ. Зӕд сын загъта: «Цӕугӕут ӕмӕ зӕххыл ӕрзилут». Ӕмӕ зӕххыл ӕрзилынмӕ ацыдысты.
Ӕнӕзӕгъинаг адӕймагӕй куы рацӕуы, уӕд ӕнӕдон рӕтты ӕнцой агурӕг фӕзилы, фӕлӕ йӕ не ссары.
Ут къӕрцхъус ӕмӕ уӕхи цӕттӕ дарут, уымӕн ӕмӕ уӕ фыдгул, хӕйрӕг, цӕуы богътӕгӕнӕг домбайау ӕмӕ агуры, кӕй аныхъуыра, ахӕмты.
Ӕмӕ стыр залым, хӕйрӕг ӕмӕ сайтан кӕй хонынц, ӕппӕт дуне чи фӕливы, уыцы рагон калм, ӕппӕрст ӕрцыд йӕ бынатӕй. Йемӕ йын зӕхмӕ раппӕрстӕуыд йӕ зӕдты дӕр.
Уыдон рацыдысты ӕппӕт зӕххыл ӕмӕ ӕртыхстысты, сыгъдӕджытӕ кӕм цардысты, уыцы бынатыл — Йӕ уарзон сахарыл.