Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Иовы чиныг 1:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Сӕ куывды бонтӕ-иу куы ахицӕн сты, уӕд-иу сӕм кӕддӕриддӕр Иов йӕхимӕ фӕсидти, цӕмӕй сын Хуыцаумӕ скува. Райсомӕй-иу раджы сыстади ӕмӕ-иу сӕ алкӕй тыххӕй дӕр иууылсудзинаг нывонд ӕрхаста. Уымӕн ӕмӕ афтӕ хъуыды кодта Иов: «Кӕд, мыййаг, мӕ фырттӕ ӕнӕрхъуыдыйӕ Хуыцауы фӕхъыг кодтой ӕмӕ фӕтӕригъӕдджын сты?» Ӕмӕ кӕддӕриддӕр афтӕ кодта.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Иовы чиныг 1:5
36 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Авраам райсомӕй раджы саргъ сӕвӕрдта йӕ хӕрӕгыл, йемӕ ракодта йӕ цагъартӕй дыууӕйы ӕмӕ йӕ фырт Исаакы, иууылсудзинаг нывонд ӕрхӕссынӕн суг ныссаста ӕмӕ афтӕмӕй араст ис, Хуыцау ын цы бынат бацамыдта, уырдӕм.


Дунедарӕг федта, адӕймаг бынтондӕр кӕй сӕлгъаг, йӕ сӕрызонды фыдбылызӕй дарддӕр кӕй ницыуал баззад, уый,


Ной Дунедарӕгӕн сарӕзта нывондхӕссӕн. Уый фӕстӕ райста алы сыгъдӕг фосӕй ӕмӕ алы сыгъдӕг мӕргътӕй ӕмӕ йыл ӕрхаста иууылсудзинаг нывӕндтӕ.


Дунедарӕг, Израил уыдзӕни дӕ ном, зӕгъгӕ, кӕмӕн загъта, уыцы Йаковы фырттӕн сӕ хӕдзарвӕндӕгты нымӕцмӕ гӕсгӕ Илийа дыууадӕс дуры райста


Йӕ бакомкоммӕ йын ӕрбадын кӕнут дыууӕ цъаммар лӕджы ӕмӕ йӕ ныхмӕ ӕвдисӕн кӕнӕнт, ды Хуыцауы ӕмӕ паддзахы ӕлгъыстай, зӕгъгӕ. Уый фӕстӕ-иу ӕй фӕссахармӕ ракӕнут ӕмӕ йӕ уым дурты бын фӕкӕнут».


Ӕрбацыдысты дыууӕ цъаммар лӕджы, Навотӕн йӕ бакомкоммӕ ӕрбадтысты ӕмӕ йӕ ныхмӕ мӕнгӕвдисӕн ныллӕууыдысты, Хуыцау ӕмӕ паддзахы ӕлгъыста, зӕгъгӕ. Стӕй йӕ фӕссахармӕ ракодтой ӕмӕ йӕ уым дурты бын фӕкодтой.


Сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕ сӕхи дӕр ӕмӕ адӕмы дӕр ссыгъдӕг кодтой, ссыгъдӕг кодтой кулдуӕрттӕ ӕмӕ къул дӕр.


Уӕдӕ ма йын, цы йӕм ис, уымӕ фӕцагай, кӕддӕра Дӕ нӕ ралгъитид!


Иовы фырттӕ-иу радгай куы иу ӕфсымӕры хӕдзары ӕрӕмбырд сты, куы иннӕйы, фынг-иу ӕрӕвӕрдтой ӕмӕ-иу сӕ хотӕм фӕдзырдтой, цӕмӕй иумӕ фынгыл абадой.


Йӕ ус ын загъта: «Уыцы ӕнаиппӕй кӕдмӕ лӕудзынӕ? Хуыцауӕн ӕвзӕр зӕгъ ӕмӕ боны фӕстагмӕ амӕл!»


Исты йӕ уд Ӕппӕтхъомысыл лӕууы, Хуыцаумӕ у йе скаст кӕддӕриддӕр?


Зӕххыл уый хуызӕн нӕй, йе сконд афтӕ у, ӕмӕ ницӕмӕй тӕрсы.


Уымӕ гӕсгӕ авд гал ӕмӕ авд фысимӕ фӕцӕут мӕ цагъар Иовмӕ ӕмӕ сӕ уӕхи номыл иууылсудзинаг нывондӕн ӕрхӕссут, мӕ цагъар Иов сымах тыххӕй скувӕд. Ӕрмӕстдӕр уый куывд айсдзынӕн Ӕз ӕмӕ уӕ нӕ бафхӕрдзынӕн, Мӕ цагъар Иовы хуызӕн раст кӕй нӕ дзырдтат, уый тыххӕй».


Дӕ тыхст хӕларӕн батӕригъӕд кӕн, Хуыцауы тас ӕм куынӕуал уа, уӕддӕр.


Кӕд дӕ цот Хуыцауы раз тӕригъӕд ракодтой, уӕд сын сӕ тӕригъӕды аккаг фӕци.


О мӕ Паддзах, мӕ Хуыцау, Дӕумӕ кувын, мӕ хъӕр Дӕм фехъуысӕд!


Моисейы каис Ифро Хуыцауӕн ӕрхаста иууылсудзинаг нывонд ӕмӕ Йын кусӕрттӕ акодта. Ӕрбацыдысты Аарон ӕмӕ Израилы хистӕртӕ, цӕмӕй Хуыцауы раз иумӕ скомдзаг кӕной.


уӕд ын Дунедарӕг загъта: «Аздӕх адӕммӕ. Абон ӕмӕ сӕ райсом ссыгъдӕг кӕн Хуыцауимӕ фембӕлынмӕ, ныхсӕнт сӕ дарӕстӕ дӕр,


Израилы ӕрыгон лӕппутӕн загъта, ӕмӕ ӕрбакодтой галтӕ — Дунедарӕгӕн ӕрхастой иууылсудзинаг ӕмӕ фидыды нывӕндтӕ.


Дӕ бон цыдӕриддӕр у, уый кӕн, уымӕн ӕмӕ мӕрдтыбӕстӕм куы ацӕуай, уӕд дын уым кусын, хъуыды кӕнын ӕмӕ куырыхон уӕвынӕн фадат нӕ уыдзӕн.


Йерусалим! Фыддзинадӕй ссыгъдӕг кӕн дӕ зӕрдӕ ӕмӕ уӕд фервӕздзынӕ. Дӕ чъизи хъуыдытӕ кӕдмӕ ӕмбӕхсдзынӕ?


ӕмӕ уыцы зӕххыл мӕнӕ ацы ӕртӕ лӕджы куы разыной — Ной, Даниил ӕмӕ Иов, уӕд уыдон дӕр сӕ рӕстады фӕрцы фервӕзын кӕндзысты ӕрмӕстдӕр сӕхи удтӕ, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау. —


ӕмӕ Йын лӕггад кӕндзыстӕм ӕдасӕй, цӕмӕй цӕргӕбонты Йӕ цӕсты сыгъдӕг ӕмӕ раст адӕмыл нымад уӕм.


Ау, уӕдӕ уӕд Хуыцау, ӕхсӕвӕй-бонӕй Йын чи лӕгъстӕ кӕны, Йӕ уыцы ӕвзӕрстыты нӕ бахъахъхъӕндзӕн, ӕви? Мыййаг, Йе ’ххуысимӕ бафӕстиат уыдзӕн?


Ӕрхӕстӕг иудейаг Куадзӕн, ӕмӕ бӕстӕйы алы рӕттӕй бирӕтӕ Куадзӕны размӕ ӕрцыдысты Йерусалиммӕ — сӕхи ссыгъдӕг кӕнынмӕ.


Уӕд Павел ахуыдта уыцы лӕгты ӕмӕ дыккаг бон семӕ ссыгъдӕг кодта йӕхи. Уый фӕстӕ бацыди Кувӕндонмӕ ӕмӕ фехъусын кодта, сыгъдӕг кӕныны бонтӕ кӕд фӕуыдзысты ӕмӕ уыдонӕй алкӕй тыххӕй дӕр нывӕндтӕ кӕд ӕрхастӕуыдзӕн.


Уӕдӕ ӕрфӕсмон кӕн дӕ ацы тӕригъӕдыл, кув Бардарӕгмӕ, ӕмӕ дын, чи зоны, дӕ зӕрдӕйы фыдвӕнд ныххатыр кӕна.


Уӕдӕ афонӕй раздӕр тӕрхон ма кӕнут, цалынмӕ Бардарӕг ӕрцӕуа, уӕдмӕ — Уый хурмӕ рахӕсдзӕни талынджы ӕмбӕхст хъуыддӕгтӕ, раргом кӕндзӕни зӕрдӕйы фӕндтӕ, ӕмӕ уӕд Хуыцауӕй алчидӕр райсдзӕн йӕ хӕрзиуӕг.


Ӕз уыл ӕнувыд дӕн; Хуыцауы куыд нӕ фӕнды, афтӕ мӕн дӕр нӕ фӕнды, ӕмӕ ма уыл ӕндӕр искӕй бар дӕр цӕуа. Ӕз сымах иунӕг Лӕгӕн — Чырыстийӕн — ӕрцӕттӕ кодтон ӕмкъайӕн, цӕмӕй уӕ ӕнӕкъӕм чызгӕй ӕрлӕууын кӕнон Йӕ разы.


Кӕддӕриддӕр кувут ӕмӕ курут Хуыцауы Удӕй разӕнгардӕй. Уый тыххӕй ут къӕрцхъус ӕмӕ ӕвӕллайгӕйӕ кувут ӕппӕт сыгъдӕджыты тыххӕй.


Дзуапп сын радта: «Хорз хабаримӕ. Дунедарӕгӕн нывонд ӕрхӕссынмӕ ӕрбацыдтӕн. Уӕхи ссыгъдӕг кӕнут ӕмӕ мемӕ нывонд ӕрхӕссынмӕ рацӕут». Йессейы йӕ фырттимӕ ссыгъдӕг кодта Самуел ӕмӕ сӕм нывонд ӕрхӕссынмӕ фӕсидти.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ