13 Иу бон та Иовы фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ сӕ хистӕр ӕфсымӕры хӕдзары цӕл кодтой, сӕн нуӕзтой.
«Цыдӕриддӕр ӕм ис, уымӕй дӕ бар ис, — загъта Дунедарӕг, — фӕлӕ йын йӕхимӕ ма февнал». Ӕмӕ уыйадыл сайтан ацыди Дунедарӕджы цурӕй.
Уалынджы Иовмӕ хабаргӕнӕг фӕци: «Галтӕ быдыры хуым кодтой, сыл хӕрджытӕ уыдонӕй чысыл ӕддӕдӕр хызтысты,
Иовы фырттӕ-иу радгай куы иу ӕфсымӕры хӕдзары ӕрӕмбырд сты, куы иннӕйы, фынг-иу ӕрӕвӕрдтой ӕмӕ-иу сӕ хотӕм фӕдзырдтой, цӕмӕй иумӕ фынгыл абадой.
Райсомы бонӕй ма раппӕл, — йемӕ цы ’рхӕсдзӕн, уый нӕ зоныс.
Адӕймаг, йӕ царды ӕвзӕр рӕстӕг кӕд ӕрцӕудзӕнис, уый нӕ фӕзоны. Кӕсаг ахсӕн хызы куыд бахауы, маргъ — къӕппӕджы, афтӕ адӕймаджы ӕвиппайды къӕппӕгмӕ басайынц, ӕмӕ йыл фыдбылыз ӕрцӕуы.
Кӕсут уӕхимӕ, цӕмӕй уӕ зӕрдӕтӕ фырхӕрд, фырнозт ӕмӕ царды мӕтӕй ма ӕруӕззау уой ӕмӕ уӕ уыцы бон ӕвиппайды ма ӕрӕййафа.